3 ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,
Ахӕм сты, искӕй мулкмӕ чи бӕллы, уыдоны фӕндӕгтӕ: сӕхӕдӕг сӕхи бабын кӕнынц.
Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдианӕй хуыздӕр у; сӕрыстыры бӕсты фӕразон у.
Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!
Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.
Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.
Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.
Сӕн дӕр-иу мачи бануазӕд сауджынтӕй, мидӕггаг кӕртмӕ цӕугӕйӕ.
«Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр сӕн ӕмӕ карз нозт ма нуазут, науӕд амӕлдзыстут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Дунедарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы Мын рӕдийын кӕнынц, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ сын сӕ гуыбынтӕ чи не ’фсады, уыдоны ныхмӕ расидынц хӕст.
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕмӕ сын загъта: «Фыст у: „Мӕ Хӕдзар Мын кувӕн хӕдзар схондзысты“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.
Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.
Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.
Диакъонтӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг лӕгтӕ, ма уой дывзагон, нозтуарзаг ӕмӕ кӕрӕф.
Адӕм сӕхи ӕмӕ ӕхцайӕ дарддӕр ницы уарздзысты, уыдзысты хиппӕлой, хъал, гуырымыхъхъ, сӕ ныййарджытӕм нӕ хъусдзысты, ӕбузн, ӕнӕхуыцау.
Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц рӕдыд фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгады куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ дзаг кӕнынмӕ.
Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.
Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,
макӕй фыдгой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр уой ӕвӕлмас ӕмӕ сӕрныллӕг.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».
Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?
сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй.
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.
Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.
Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон.