1 Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы,
Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт.
Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст, ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон.
Цы сахармӕ уӕ фӕсырдтон, уымӕн йӕ фарнмӕ бӕллут ӕмӕ уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕгмӕ кувут, уымӕн ӕмӕ уый фӕрнджын куы уа, уӕд сымах дӕр ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут».
Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куынӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын.
Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у.
Кӕддӕр сымах тӕригъӕды цагъартӕ уыдыстут, фӕлӕ, Хуыцауӕй бузныг, ныр уӕ зӕрдӕ радтат, цы ахуырад уын лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн.
Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй;
Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн.
Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.
Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй.
Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,
Бардарӕг уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзийы ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ,
Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.
фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.
Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.
Бардарӕджы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не ’мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, зонд амонынмӕ арӕхса ӕмӕ маст ма хӕсса йӕ зӕрдӕйы,
Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх
макӕй фыдгой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр уой ӕвӕлмас ӕмӕ сӕрныллӕг.
Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.
Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.