Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Тимофеймӕ 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мах та зонӕм: Моисейы Ӕгъдау хорз у, йӕхӕдӕг куыд домы, афтӕ дзы куы пайда кӕнай, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Тимофеймӕ 1:8
12 Iomraidhean Croise  

Ды ӕрхызтӕ Синайы хохмӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодтай уӕларвӕй. Радтай сын раст фӕдзӕхстытӕ, рӕстдзинады ӕгъдӕуттӕ, фарны уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ барфыстытӕ.


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд, бӕлвырд, разы дӕн: Ӕгъдау хорз у.


Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы.


Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы ӕгъдауыл,


Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.


Ерысты архайӕг хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн, ерысты уаг куы хала, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan