7 Динамонджытӕ суой, уый сӕ фӕнды, фӕлӕ, цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц, стӕй, цӕуыл баууӕндын кӕныныл архайынц, уый дӕр.
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Ӕмӕ дзуапп радтой Йесойӕн: «Нӕ йӕ зонӕм». Йесо дӕр сын загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.
Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.
Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».
Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,
Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй ӕви Фарны Уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?
Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд, Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе ’хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы аразы ӕви Фарны Уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?
Зӕгъут-ма мын, Ӕгъдауы дӕлбар уӕвын кӕй фӕнды, уыдон, Ӕгъдау цы зӕгъы, уый нӕ хъусут?
уый йӕхицӕй хъал у, афтӕмӕй та ницы зоны, ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕу ныхас кӕныны низ ыл бахӕцыд. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ,
иудадзыг цыдӕртӕ чи ахуыр кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕмты.
Ме ’фсымӕртӕ, иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ суӕвынмӕ ма тырнут. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.
Уыдон та фауынц, цы не ’мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се ’рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ, кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ.