9 Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ — уе ’фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут.
Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».
Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.
хӕйрӕджы уӕхимӕ ӕмгӕрон ма уадзут.
Ноджы ма уӕм, уыдонӕй уӕлдай, уӕд уырнындзинады уарт — хӕйрӕджы судзгӕ фӕттӕ иууылдӕр кӕй фӕрцы ахуыссын кӕндзыстут, уый.
Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл.
цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут —
Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз.
Ӕниу, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕстӕ сыгъдӕгӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты.
Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.
Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,
Ӕппӕт хъӕбулты куыд бафхӕрдӕуы, кӕд ахӕм ӕфхӕрд не ’ййафут, уӕд сымах ӕцӕг хъӕбултӕ нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ стут.
Уӕдӕ басӕттут Хуыцауы раз, ӕрлӕуут хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн.
Ӕмӕ цин кӕнут уыдӕтты тыххӕй, ныртӕккӕ уӕ алыхуызон фӕлварӕнты исдуг хъыг бавзарын куы бахъӕуы, уӕд дӕр.
Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.
Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.
Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ кад куы раргом уа, уӕд.
Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.
Уӕд уыдонӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыди урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй ма банхъӕлмӕ кӕсой иу цасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ.
Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.