8 Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.
«Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе ’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд.
Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон», — дзуапп радта уый.
Сӕвӕрдта йӕ хицауӕй йӕ хӕдзары, йе ’ппӕт исбон бакодта йӕ бар,
Адӕмтӕн рахӕсдзӕни тӕрхон, мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕни бӕстӕ, ӕгас зӕххыл хицӕутты сӕртӕ ныссӕтдзӕн.
Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.
Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.
Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.
Ӕрӕввахс ис мӕ Фарсхӕцӕг, мӕ раст зӕрдӕйы Ӕвдисӕн. Чи бахӕсдзӕн йӕ ныфс мӕныл дау кӕнынмӕ? Чи ӕрлӕудзӕни мемӕ тӕрхоны раз? Рацӕуӕд-ма!
Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.
Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты.
Ныппырх-иу кодта адӕмтӕн сӕ фидӕрттӕ, сӕ сахартӕ дӕр афтӕ. Йӕ рыхынӕй ныггӕныстон ис ацы зӕхх ӕд хъӕутӕ.
Йӕ фӕтӕгтӕ сты йӕ амӕттаджы ӕргӕвдӕг рыхгӕ домбайы хуызӕн; уыдон ныхъуырынц адӕмы, байсынц ын сӕ исбон ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ. Уыдоны аххосӕй бӕстӕ идӕдзтӕй байдзаг ис.
Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.
Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.
Мӕхи-иу сыл ныццӕвдзынӕн, Йӕ лӕппынты кӕмӕн байсынц, уыцы мадӕл арсау, сӕ риутӕ сын рӕдувдзынӕн фӕйнӕрдӕм, ныхъуырдзынӕн сӕ мадӕл домбайау, хъӕддаг сырдтӕ сӕ аскъуындзысты.
Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.
Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.
Домбайӕн йӕ амӕттаг йӕ размӕ куынӕ фӕуа, уӕд хъӕдӕй йӕ богъ-богъ райхъуысдзӕн? Домбайы лӕппын куы ницы ’рцахса, уӕд лӕгӕтӕй йӕ рыхын фӕхъуысы?
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.
Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн.
Цы знаг ӕй байтыдта, уый у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та — зӕдтӕ.
Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй Йӕ хӕйрӕг бафӕлвара.
Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтагъд Ӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.
Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауди, уыдоны ӕнгӕс сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ сайтан сӕ уӕлхъус алӕууы ӕмӕ сын ӕй аскъӕфы сӕ зӕрдӕйӕ.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».
Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара!
Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.
цӕмӕй нын сайтан зиан ма ӕрхӕсса — йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.
хӕйрӕджы уӕхимӕ ӕмгӕрон ма уадзут.
Уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ лӕууын куыд уа, афтӕ.
Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ,
Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.
Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,
Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.
Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,
ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.
Зӕронд лӕгты ахуыр кӕн, цӕмӕй уой уӕззау зонды хицау, уӕздан, хӕдӕфсарм, раст уырнындзинадыл хӕст, уарзӕгой, фӕразон.
ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амоной зонд, цӕмӕй уарзой сӕ лӕгты ӕмӕ сӕ хъӕбулты,
Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.
Уӕдӕ басӕттут Хуыцауы раз, ӕрлӕуут хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.
Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.
Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой сӕ сӕр кӕны зӕхх ӕмӕ денджызӕн! Ӕрхызти уӕм хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал ис, уый зонгӕйӕ!»
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ
Самсон йӕ ныййарджытимӕ Тимнайы сахармӕ ацыд. Сахары сӕндӕттӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Самсоны размӕ рыхгӕ иу лӕппын домбай разгъордта.