Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Петр 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Петр 5:10
39 Iomraidhean Croise  

Кӕдӕм у мӕ бон ацӕуын Дӕ Удӕй, Дӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕхсӕн кӕм ис?


Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».


Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн.


Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».


Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.


Фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар дӕттӕг Хуыцау уын раттӕд иумӕ ӕмзондӕй фӕцӕрыны хорзӕх,


Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,


Уыцы адӕм мах стӕм — ӕрхуыдта нӕ канд иудейӕгтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕгтӕй дӕр,


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.


Уымӕн ӕмӕ иузӕрдион у Хуыцау, Йӕ Фырт ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ уын бастдзинад саразыны охыл сымахмӕ Чи фӕсидти, Уый.


Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.


Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг.


лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон.


Уымӕ гӕсгӕ уӕм фӕсидти Хуыцау, махӕй цы Фарны Уац фехъуыстат, уый руаджы — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы кадӕй хай райсынмӕ.


барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.


Фӕлӕ Бардарӕг иузӕрдион у, Уый уӕ сфидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ бахиздзӕни сайтанӕй.


Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз.


Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,


Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй.


Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.


фӕлӕ уӕ Ӕрхонӕг куыд сыгъдӕг у, уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут афтӕ сыгъдӕг.


Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Хуыцауы хъаруйӕ нын ис, Хуыцаумӕ кувӕджы цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ мах базыдтам Йӕ кад ӕмӕ нӕм Йӕ хорзӕхӕй Ӕрхонӕджы.


Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй — мыггагмӕйы цардӕй.


Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan