8 Фыццаджыдӕр кӕрӕдзийы уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны.
Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы, уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары.
Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.
Уарзтмӕ чи бӕллы, уый йе ’фхӕрд ферох кӕны; йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый йе ’мбалӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн.
Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад, кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад.
Ӕз адӕймаджы ӕмӕ зӕдты ӕвзӕгтыл куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзт куынӕ уа, уӕд ӕз дӕн зӕлланггӕнаг мырмыраг кӕнӕ зылангзӕл ӕрхуы тӕбӕгъ.
Уарзт у бирӕбыхсаг, зӕрдӕхӕлар, хӕлӕг нӕ кӕны, нӕу хиппӕлой ӕмӕ схъӕл,
Уыдӕттӕм бафтаут уарзондзинад — уый алцыдӕр бӕтты кӕрӕдзиуыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр скӕны ӕххӕст.
Бардарӕг уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзийы ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ,
Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.
Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.
Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.
Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.
уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл ис, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ йын барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.
Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.
Мӕ уарзон хӕлар, ӕз кувын, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ дын алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыса, дӕ удӕн куыд ӕнтысы, афтӕ.