16 Фӕлӕ, чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи хъизӕмар кӕны, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй.
О скӕсӕны дзыллӕтӕ, кад кӕнут Дунедарӕгӕн! Денджызгӕрӕтты цӕрджытӕ, кад кӕнут Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн!
Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау — ме ’ххуысгӕнӕг. Ӕмӕ нӕ фӕкъӕмдзӕстыг дӕн, мӕ цӕсгом ныхъхъӕбӕр кодтон ӕхсонау ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн.
Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном. Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн! Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном. Де ’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни, дӕ идӕдзы бонты фидистӕ дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.
Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.
Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?»
Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».
Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.
Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.
Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф уыдон нӕ калынц, ӕви?
Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.
Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ намысджын Уд — Хуыцауы Уд — уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]
Уӕдӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ хъизӕмар чи ӕвзары, уыдон сӕхи бафӕдзӕхсӕнт иузӕрдион Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразӕнт.