12 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау.
Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.
Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.
Куырыхонтӕй дӕр бирӕтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты.
Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.
алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг рабӕрӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг бафӕлвардзӕн арт, ӕмӕ арты сбӕрӕг уыдзӕн, цавӕр ын у, уый.
Ӕниу, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕстӕ сыгъдӕгӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.
Ӕмӕ сын ныр сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц.
Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ — уе ’фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут.