10 Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».
Ацы Фарны Уац фӕхӕццӕ уыдзӕн дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, Уӕларвон Паддзахады тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон.
Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ.
Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн?
Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ма бакуыста дыууӕ таланты.
Уӕд Ӕй уыдон дӕр фӕрсдзысты: „Бардарӕг, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди? Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй кӕнӕ бӕгънӕгӕй, рынчынӕй кӕнӕ ахӕстӕй ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?“
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной. Уый ӕрцыди, цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты сӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».
Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?
Йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, дӕс минӕйы сын радта ӕмӕ загъта: „Ӕфтиаг сӕ куыд райсат, афтӕ сӕ спайда кӕнут ме ’рцыдмӕ“.
Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
Ныр та цӕуын Йерусалиммӕ, сыгъдӕджытӕн уазлӕггад кӕнынмӕ.
Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ, иугӕр муртаттӕгтӕ схайджын сты чырыстон иудейӕгты монон исбонӕй, уӕд сын хъуамӕ уыдон дӕр сӕ зӕххон хъуӕгтӕ баххӕст кӕнынмӕ феххуыс кӕной.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Хуыцау мын цы хорзӕх ракодта, уый фӕрцы зондджын аразӕгау ӕз сӕвӕрдтон бындур, иннӕ та уыцы бындурыл амайы. Фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг кӕса, куыд аразы, уымӕ.
Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс?
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Ӕниу, сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй сымахмӕ мӕн фыссын дӕр нӕ хъӕуы.
Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,
Ӕмӕ Уый иуты сӕвӕрдта апостолтӕй, иннӕты — пехуымпартӕй, аннӕты — Фарны Уац хъусынгӕнджытӕй, кӕйдӕрты та — фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй,
Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.
Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.
Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.
Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл.