Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Петр 4:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Чырысти буарӕй хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр Йӕ цӕстӕй кӕсут хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ уымӕй ифтонг кӕнут уӕхи, уымӕн ӕмӕ буарӕй хъизӕмаргӕнӕг тӕригъӕды нал цӕуы —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Петр 4:1
17 Iomraidhean Croise  

Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи! Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут, уе ’взӕр митӕ ныууадзут!


Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.


Йесо, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Рахиз-ма адӕмы размӕ».


Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.


Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?


Уымӕн ӕмӕ, чи амарди, уый ссӕрибар ис тӕригъӕдӕй.


Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.


Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ.


Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй, фыдӕвзарӕн бон куы ралӕууа, уӕд уӕм ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару разына, ӕппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уат ӕмӕ ма фӕцудат.


Хъусут уӕдӕ Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ ӕххӕст кӕнут, абон уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк».


Сымах алцӕмӕ дӕр хъуамӕ кӕсат Йесо Чырыстийы цӕстӕй:


Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.


Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыди, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцади йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау Йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ.


Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan