Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Петр 3:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн — уӕ Бардарӕгӕн. Уӕ ныфсы бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Петр 3:15
34 Iomraidhean Croise  

Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.


цӕмӕй сахуыр уай ӕцӕгдзинады ныхӕстыл ӕмӕ дӕ хицӕуттӕн дӕ бон дзуапп раттын уа.


Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.


Сӕ цоты се ’хсӕн куы феной — Ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хъуыддаг — уӕд Мӕ уаз номӕн скад кӕндзысты, нымайдзысты Йаковы уаз Хуыцауы, аргъуыц кӕндзысты Израилы Хуыцауы раз.


«Уӕ хъаст ӕрбахӕссут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Бӕлвырдгӕнӕнтӕ равдисут», — зӕгъы Йаковы Паддзах. —


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.


«Ацы адӕм сусӕгвӕнд цы хонынц, уый сымах сусӕгвӕнд ма хонут. Уыдон цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уыл тас ма бахӕцӕд.


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».


Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыстат Цины ӕдзӕрӕг быдыры, адӕм куы сызмӕстой, уӕд: цӕмӕй уыдон, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сӕхи цӕстӕй феной, уыцы суадоны был». (Уыцы суадон уыди Меривайы, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры.)


Павел дзуапп радта: «Ӕз иудейаг дӕн, киликиаг зындгонд сахар Тарсы гражданин. Курын дӕ, ратт мын адӕмимӕ ныхас кӕныны бар».


Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».


Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.


Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.


Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.


Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не ’ргом аздахӕм, хъомыл адӕймагӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ — мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,


Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.


уымӕн ӕмӕ фендзысты, сымах кӕй цӕрут сыгъдӕгӕй ӕмӕ уӕм кӕй ис Хуыцауы тас.


фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты бӕрзонд ӕвӕрд чи у, уыцы сабыр ӕмӕ ӕвӕлмон удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинадӕй.


Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan