Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Петр 2:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Петр 2:20
14 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ


Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?


Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой.


Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр уарзынц, чи сӕ уарзы, уыдоны.


Абоны онг дӕр ма стонг ӕмӕ дойны ӕвзарӕм, бызгъуырты цӕуӕм ӕмӕ над ӕййафӕм, хӕдзар нын нӕй,


Ӕнувыдӕй хи ӕвдисын ӕмӕ кӕддӕриддӕр ахӕмӕй баззайын хорз у, нысан хорз куы уа, уӕд, фӕлӕ ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уыцы рӕстӕг нӕ.


Архайут, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый базоныныл,


Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.


Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.


Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй иугӕр хъизӕмар бавзаргӕ куы уа, уӕд ӕй ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй бавзар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan