19 Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.
Зонын уын уӕ хъуыдытӕ, мӕ ныхмӕ цы зӕгъинаг стут, уый дӕр.
Чи мыл феради, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон ӕгадӕй сӕхи фӕстӕмӕ айсӕнт.
Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр уарзынц, чи сӕ уарзы, уыдоны.
Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.
Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.
Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ ӕфсӕрмӕй дӕр.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Уый йӕ бон куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой: иу хаттӕн-иу мыггагмӕ ссыгъдӕг уаиккой сӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ сӕхи азымджын нал хониккой.
Уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у —
Ӕрмӕст марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгтӕн тӕрхонгӕнӕг кӕй сси, уый тыххӕй уӕ мачи баййафӕд.