1 Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.
Ӕнӕхуыцӕутты зӕрдӕтӕ мастӕй йедзаг сты, хъадамантӕ сыл куы бакӕной, уӕд дӕр Хуыцаумӕ ӕххуысагур нӕ дзыназдзысты.
Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.
Сӕ рынчыны заман-иу скодтон сӕхъис ӕмӕ ком дардтон. Дунедарӕгӕн ӕхцон фӕуӕд мӕ куывд!
Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.
Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс: ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон.
Зӕрдӕ сабыр куы уа, уӕд буар дӕр ӕнӕниз уыдзӕн, хӕлӕгдзинадӕй стджытӕ ӕмбигӕ кӕнынц.
Фыдзӕрдӕтӕм хӕлӕг ма кӕн ӕмӕ се ’хсӕнмӕ ма тырн,
Фыдгӕнджытӕм ма мӕсты кӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕм хӕлӕг ма кӕн, уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн фидӕн нӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цырагъ ахуысдзӕн.
Фыдгӕнӕджы цардмӕ ма хӕлӕг кӕн, йӕ фӕндӕгтӕй йын иу дӕр ма равзар,
Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,
Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.
Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:
Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.
ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.
Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.
Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».
Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нӕ дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл рацу-бацу кӕнынц, уыцы рох ингӕнты хуызӕн».
Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.
Куыд дзурыс де ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты къала бӕлас нӕ уыныс, уӕд? Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас райс, цӕмӕй, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый фенай.
Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый».
Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм Куадзӕн, зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлддзинад ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ.
Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…
Мӕстыгӕр ӕмӕ знӕт уӕвын, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой ӕмӕ алы ӕндӕр фыдӕх — ӕппӕт уыдӕттӕ ныууадзут.
Мах адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ бындур уый нӕу, ӕмӕ йе дзӕгъӕл фестӕм, йе нӕ бӕллицтӕ чъизи сты, йе искӕй асайыныл архайӕм.
Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.
Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,
Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,
Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.
Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.
Кӕрӕдзиуыл цъыф ма калут, ӕфсымӕртӕ. Йе ’фсымӕрыл цъыф чи калы кӕнӕ йе ’фсымӕрӕн чи тӕрхон кӕны, уый ӕгъдау фауы ӕмӕ йын тӕрхон хӕссы. Кӕд ӕгъдауӕн тӕрхон хӕссыс, уӕд ӕгъдау ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг.
Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?
Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.
Кӕд сӕрибар адӕм стут, уӕддӕр уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕн ӕмбӕрзӕны хуызӕн ма суа, уымӕн ӕмӕ сымах Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ стут.
Чырысти тӕригъӕд никуы сарӕзта, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас никуы рацыди.
Уымӕн ӕмӕ «тӕхудиаг цардӕй цӕрын, амондджын бонтӕ ӕрвитын кӕй фӕнды, уый ма уӕд маргӕвзаг, йӕ дзыхӕй ма рацӕуӕд мӕнг ныхас,
буары цӕрынӕн ма йын цы рӕстӕг баззади, уый ӕрвиты адӕймаджы тӕригъӕдджын мондӕгтӕ уадзгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй.
Ӕмӕ сын ныр сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц.
Сӕ дзыхӕй мӕнг ныхас нӕ рацыд, сты ӕнӕфау.