24 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,
Сӕ цӕрджытӕм хъару нал ис, стыр тас сыл бахӕцыд, фӕхудинаг сты. Уыдон систы быдыры кӕрдӕгау, уыгӕрдӕны цъӕх талатау, уӕлхӕдзарыл цы пыхс фӕзыны, уыйау, — куыддӕр схӕцынц, афтӕ бахус вӕййынц.
Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.
Ирвӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй, кады худау дӕуӕн — Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.
адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн, стӕй сой, йӕ цӕсгом цӕхӕр кӕмӕй калы; адӕймагӕн хъару дӕттӕг дзул.
Хъахъхъӕнӕг сӕуӕхсидмӕ афтӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсы, ӕз Дунедарӕгмӕ куыд кӕсын ӕнхъӕлмӕ.
Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн, Дӕ карзӕй мӕ ма ’фхӕр.
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?
Ӕхсӕв дын тас нӕ уыдзӕни фыдмонтӕй, боныгон — тӕхгӕ фатӕй,
«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
Абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы быдираг зайӕгхалы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд ныууадздзӕни, лӕмӕгъуырнджытӕ!
Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.
Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни.