Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Петр 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, — Понты, Галатийы, Каппадокийы, Азийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Петр 1:1
34 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.


Фӕлӕ ма уӕ иу цасдӕр удӕгасӕй ныууадздзынӕн, ӕмӕ уыдон фервӕздзысты кардӕй, бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу уат, уӕд.


Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.


Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: фыццаг — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн,


Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн.


Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.


Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?


стӕй ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма, алы рӕтты чи ныххӕлиу ис, Хуыцауы уыцы хъӕбулты ӕрӕмбырд ӕмӕ ӕрбаиу кӕныны тыххӕй дӕр.


Иудейӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уагӕр кӕдӕм у цӕуинаг, мах Ӕй кӕм не ссардзыстӕм? Кӕд, мыййаг, бердзенӕгты ’хсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуынвӕнд кӕны, цӕмӕй уым бердзенӕгты ахуыр кӕна?


Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейагыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ, кесӕр Клавдийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт иудейӕгтӕ дӕр хъуамӕ Ромӕй ацыдаиккой. Павел ӕрбацыди уыдонмӕ,


Иу цасдӕр дзы куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ ӕрзылди Галати ӕмӕ Фригийы бӕстӕтыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад.


Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы ӕппӕт цӕрджытӕ — иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр — фехъуыстой Бардарӕджы ныхас.


Цавӕрдӕр киренӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ сӕрибар райсджыты Синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Килики ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕу кӕнын райдыдтой Стефанимӕ.


Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ та уыцы рӕстӕг, кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, уым хъусын кодтой Фарны Уац.


Салам уын ӕрвитынц Азийы аргъуантӕ; Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы уын зӕрдиаг салам — Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕ, стӕй, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕй дӕр.


Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Азийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм.


стӕй, мемӕ чи ис, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртӕй Галатийы аргъуантӕм.


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,


Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.


Зоныс ӕй, асиӕгтӕ иууылдӕр, семӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, мӕн кӕй ныууагътой, уый.


Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.


Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan