1 Самуел куы базӕронд, уӕд Израилӕн фӕтӕгтӕй сӕвӕрдта йӕ фыртты.
Ме ’фсымӕр Ханани ӕмӕ фидары хицау Хананиайы (Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм ӕууӕнкджын лӕджы) Йерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон.
Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтытӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй.
Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ.
Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.
Зынаргъ гауызтыл урс хӕрджытыл бадджытӕ, бӕлццӕттӕ, уӕлахизы зарӕг ракӕнут!
Гъемӕ мӕнӕ уӕ паддзах. Абонӕй фӕстӕмӕ уын уый кӕндзӕни хицауиуӕг. Ӕз базӕронд дӕн, сурс дӕн, фӕлӕ мӕ фырттӕ дӕр уемӕ баззайдзысты. Мӕ сабибонтӕй абонмӕ уын лӕггад фӕкодтон.