Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Адӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕртӕ загътой: «Дунедарӕг нӕ абон филистимӕгты къухӕй цӕмӕн ныддӕрӕн кодта? Цӕй ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын рахӕссӕм Силомӕй, цӕмӕй Уый немӕ уа ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕна не знӕгтӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 4:3
34 Iomraidhean Croise  

Паддзах Цадокӕн загъта: «Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ сахармӕ ахӕсс. Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ куы скӕна Дунедарӕг, уӕд мӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн ӕмӕ мын фенын кӕндзӕн Фидыды Чырын дӕр ӕмӕ, Чырын кӕм лӕууы, уыцы бынат дӕр.


Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг.


Хуыцау зӕгъы: «Ӕнӕхуыцӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сыкъатӕ ныссӕтдзынӕн, рӕстгӕнджытӕн сӕ кад уыдзӕни бӕрзонд!»


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Хъаст кӕнынц, Дӕ сӕраппонд, дам, ком куы дарӕм, ӕмӕ нӕм Ды кӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕныс, сӕрныллӕг нӕхи куы кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Ды хъуыды дӕр куы нӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сымах, ком даргӕйӕ, ӕрмӕст уӕхи фӕнд тӕрут, уе ’ххуырстыты иууылдӕр тухӕнӕй марут.


Дунедарӕджы къух нӕ фӕцыбыр — ис Ӕм сымах фервӕзын кӕныны хъомыс. Уӕдӕ уӕзхъус дӕр нӕ нӕу — ӕххуысагур Ӕм куы скувиккат, уӕд уӕ ӕнӕмӕнг фехъусид.


О, фӕлӕ уӕ фыдракӕндтӕ ӕмдзӕхгӕр быруйау уырдыг слӕууыдысты сымах ӕмӕ уӕ Хуыцауы ’хсӕн. Йе ’ргом уӕ аздӕхта уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ уӕ нал хъусы!


Ацы зӕххыл куы сбирӕ уат, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕд Дунедарӕгӕн Йӕ Фидыды Чырыны кой ничиуал скӕндзӕн, нал ыл хъуыды кӕндзысты ӕмӕ йӕ зӕрдыл никӕмӕнуал ӕрлӕудзӕн; нал ӕй ӕрымысдзысты ӕмӕ ӕндӕр Чырын нал сараздзысты.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут мӕнг ныхӕстыл: „Ам ис Дунедарӕджы Кувӕндон!“


Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона.


Фидыды Чырын-иу куы фезмӕлыди, уӕд-иу Моисей загъта: «Раст, Дунедарӕг! Ныххӕлиу уӕнт Де знӕгтӕ, Дӕ разӕй лидзӕнт Дӕ фыдгултӕ!»


Моисей сӕ хӕстмӕ арвыста, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, сӕ разамонӕг — Пинхас, сауджын Елеазары фырт, йӕ къухы — уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕдисы сыкъауадындзтӕ, афтӕмӕй.


Ӕппӕт адӕмтӕ зӕгъдзысты: „Дунедарӕг ацы бӕстӕйӕн афтӕтӕ цӕмӕн бакодта? Уый бӕрц ӕм цӕуыл ссыгъд Йӕ маст?“


«Айсут ацы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырыны цур бафснайут. Уым уӕ ныхмӕ ӕвдисӕны хуызы лӕудзӕн,


Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“».


Адӕмӕн та загъта: «Цӕут ӕмӕ сахары алыварс ӕрзилут! Хотыхджынты раззаг къорд Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй цӕуӕд».


Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам!


О Бардарӕг! Ныр цы хъуамӕ зӕгъон, израилӕгтӕ сӕ фыдгулты разӕй лидзӕг куы фесты, уӕд?


Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын. Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы —


Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.


Риуӕй иртӕст куы ӕрцыди саби, уӕд йемӕ ацыди Силоммӕ. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, райста ссады иу ефӕ ӕмӕ сӕны лалым, ӕмӕ афтӕмӕй ссыдысты Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Лӕппу нырма ӕнахъом уыди.


Саул Ахийайӕн загъта: «Ӕрбахӕсс-ма Хуыцауы Фидыды Чырын». Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Фидыды Чырын израилӕгтӕм уыди.


Филистимӕгтӕ ӕрлӕууыдысты израилӕгты ныхмӕ, ӕмӕ сын тох бацайдагъ. Израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты, тохы быдыры сӕ фӕмард цыппар мин лӕджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan