Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 4:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Самуелы дзырд ахадыдта ӕппӕт Израилы дӕр. Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Израилимӕ схӕцынмӕ. Израилӕгтӕ дӕр рацыдысты сӕ ныхмӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Евен-Езеры рӕбын. Ныр филистимӕгты рӕсӕнуат та Афекы цур уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 4:1
14 Iomraidhean Croise  

Иннӕ уалдзӕг та Бен-Хадад Сирийы адӕмы ӕрӕмбырд кодта, скодта ӕфсад ӕмӕ Израилимӕ схӕцынӕввонг ӕрлӕууыд Афекы сахары.


Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты. Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста.


Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ дӕр уыдон суадӕттӕ ссарынц, арфӕ йын ӕрхӕссы къӕвда.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе ’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ,


Афекы паддзах, Шароны паддзах,


Ноджыдӕр бацахсинаг у ханаанӕгты зӕхх амораг арӕныл лӕууӕг сидойнӕгты сахар Арайӕ Афекы сахары онг,


Йанум, Бет-Таппуах, Афека,


Умма, Афек ӕмӕ Рехов. Ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ссӕдз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе ’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай».


Филистимӕгтӕ се ’ппӕт ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд кодтой Афекмӕ, израилӕгтӕ та Изреелы сахармӕ хӕстӕг, суадоны цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Израилы Ӕз ахӕм хъуыддаг саразынмӕ хъавын, ӕмӕ йӕ чи фехъуса, уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты.


Филистимӕгтӕ ӕрлӕууыдысты израилӕгты ныхмӕ, ӕмӕ сын тох бацайдагъ. Израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты, тохы быдыры сӕ фӕмард цыппар мин лӕджы.


Филистимӕгтӕ Хуыцауы Фидыды Чырын куы байстой, уӕд ӕй Евен-Езерӕй Ашдодмӕ


Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan