Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Иу хатт Елиа хуыссыди йӕ уаты. Йӕ цӕстырухс мынӕг кӕнын райдыдта, гӕзӕмӕ ма уыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 3:2
8 Iomraidhean Croise  

Исаак базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй хорз нал уыдта. Иуахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ лӕппу!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн».


Израил базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Йосеф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта.


Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».


Сылгоймаг бакодта, йӕ мой йын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. Силоммӕ, Ахийайы хӕдзармӕ, куы бахӕццӕ, уӕд федта, пехуымпар фыр зӕрондӕй куыд бакуырм ис, уый, йӕ цӕстытӕ змӕлгӕ дӕр нал кодтой.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты, тыхджынтӕ фӕкӕлдзысты, куыройгӕстӕ сӕ куыст ныууадздзысты, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар фӕкъаддӕр уыдзысты; рудзгуытӕй чи кӕсы, уыдон ницыуал фендзысты.


Елиа ӕрзӕронд ис. Йӕ хъустыл-иу ӕрцыди, йӕ фырттӕ Израилы адӕмӕн цы митӕ кодтой, уый, ноджы ма, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ цы лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонимӕ-иу кӕй ӕрӕмуат сты, уый дӕр.


Елиайыл ӕстдӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы цыди, йӕ цӕсты рухс бамынӕг ӕмӕ ницыуал уыдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan