3 Ныр, дӕ къух цы амоны, уый мын ратт: иу-фондз дзулы, кӕнӕ ма дӕм цы ис, уый».
Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл, йе ’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у, ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»
Ехх, ӕз ацы адӕмӕн хицау куы уаин, уӕд Авимелехы бӕргӕ атӕрин ардыгӕй!» Ӕмӕ Гаал фӕсидти Авимелехмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ хӕстмӕ рацу, зӕгъгӕ.
Давид Ахимелехӕн дзуапп радта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ мын загъта: „Цӕмӕ дӕ ’рвитын ӕмӕ дын цы фӕдзӕхсын, уый мачи базонӕд“. Мӕ адӕмы та бӕрӕг ранмӕ барвыстон.
Сауджын загъта Давидӕн: «Ӕнӕуи дзул мӕм нӕй, фӕлӕ мӕм ис кувӕггаг дзул. Ӕрмӕст, кӕд дӕ адӕм сӕхиуыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ нӕ фесты, уӕд».