Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 21:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Давид Ахимелехӕн дзуапп радта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ мын загъта: „Цӕмӕ дӕ ’рвитын ӕмӕ дын цы фӕдзӕхсын, уый мачи базонӕд“. Мӕ адӕмы та бӕрӕг ранмӕ барвыстон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 21:2
13 Iomraidhean Croise  

Йаковы ӕрвыст лӕгты ӕрцыды агъоммӕ Кифӕ муртаттӕгтимӕ бадтис иу фынгыл. Фӕлӕ уыдон куы ӕрцыдысты, уӕд, сунӕтгӕндтӕй кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ байдыдта муртаттӕгтӕй йӕхи иуварс ласын.


Кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут уӕ зӕронд ӕрдзыхъӕдӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ


Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,


Давид Авиафарӕн загъта: «Уыцы бон едомаг Доег уым уыд, ӕмӕ йӕ зонгӕ кодтон, Саулмӕ ӕнӕмӕнг дзырд кӕй бахӕсдзӕн, уый. Мӕн аххос у дӕ мыггаджы сӕфт.


Уӕд Саул Мелхолӕйы бафарста: «Цӕмӕн мӕ афӕлывтай? Ме знаджы мын лидзын цӕмӕн бауагътай?» Мелхолӕ йын дзуапп радта: «Афтӕ мын загъта: „Ауадз мӕ, кӕннод дӕ амардзынӕн“».


уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».


Исаак ӕй бафарста: «Цӕй тагъд ацуан кодтай уый, мӕ хъӕбул?» Фырт ын дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, рарвыста».


Ныр, дӕ къух цы амоны, уый мын ратт: иу-фондз дзулы, кӕнӕ ма дӕм цы ис, уый».


Мӕ уд куы бастади мӕ мидӕг — зыдтай мын Ды мӕ фӕндаг. Цы фӕндагыл цыдтӕн, уым мын мӕ размӕ сӕвӕрдтой къӕппӕг.


Дзуапп ын радта едомаг Доег (уый уым Саулы иннӕ дӕлдӕртимӕ лӕууыд): «Ӕз федтон, Йессейы фырт Новы сахармӕ, Ахитувы фырт Ахимелехмӕ, куыд ӕрцыд, уый.


Анатоты, Новы, Ананиайы,


Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan