Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ныр, ардыгӕй куы ацӕуай, уӕд Бениамины зӕххыл, Целцахы, Рахелы зӕппадзы цур, амбӕлдзынӕ дыууӕ лӕгыл. Уыдон дын зӕгъдзысты: „Цы сыл хӕрджытӕ агурӕг рацыдтӕ, уыдон разындысты, ӕмӕ дӕ фыды йӕ хӕрджыты мӕт нал ис, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ сымахмӕ ӕхсайы, ныр кӕм агурон мӕ фырты, зӕгъгӕ.“

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 10:2
7 Iomraidhean Croise  

Вефилӕй сӕ фӕндаг адардтой, ӕмӕ, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ Рахелӕн ӕрцыди йӕ арыны афон. Тынг фӕрыстис йе ’вгъӕды сахат.


Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.


Саул дзуапп радта: «Загъта нын, хӕрджытӕ разындысты, зӕгъгӕ». Самуел ын паддзахдзинады тыххӕй цы дзырдта, уый та не схъӕр кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan