Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 10:1
38 Iomraidhean Croise  

Уӕд ын Давид зӕгъы: «Цы ныфсӕй систай дӕ къух, Дунедарӕг кӕй байсӕрста, уымӕ?»


Паддзах аба кодта Барзиллайӕн, Хуыцауыл ӕй бафӕдзӕхста, ӕмӕ уый йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Адӕм иууылдӕр Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызтысты. Ахызти паддзах дӕр


Мах Израилимӕ хъӕрмудӕй цӕрӕм, ӕнувыд ыл стӕм, ды та израилаг сахар ныддӕрӕн кӕнынмӕ хъавыс, уыимӕ — стыр сахар. Цӕмӕн дӕ фӕнды Дунедарӕджы бӕстыхай фехалын?»


Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“


Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».


Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


Йе ’мбӕлттӕ йӕ баййардтой: «Фӕдфӕливӕн ныхӕстӕ ма кӕн! Радзур нын, цы дын дзырдта, уый». Йегу сын дзуапп радта: «Уый загъта: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ацы байсӕрстӕй дӕ Ӕз Израилӕн паддзахӕй расидтӕн“».


Ӕвӕджиауы диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый аразы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


«Райс ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕй: тӕдзгӕ миррӕ — фондзсӕдӕ шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг корицӕ — дыууӕ хатты къаддӕр, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг хъӕз дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы,


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Дӕхи-иу сфӕлыстай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй; лыстӕг гӕнӕй, зӕлдаг ӕмӕ нывӕфтыд хъуымӕцтӕй уыди дӕ дарӕс. Хордтай ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, мыд ӕмӕ оливӕйы сой. Уыдтӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд, ӕмӕ дын бантысти суанг паддзах суын дӕр.


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн паддзах куырдтой, ӕмӕ сын Хуыцау Бениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кишы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы исбон — Йӕ адӕм, Йаков Дунедарӕджы у.


Ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Дунедарӕг Йӕхицӕн бацагурдзӕн зӕрдӕхцон адӕймаг ӕмӕ йӕ скӕндзӕн Йӕ адӕмы фӕтӕг, уымӕн ӕмӕ Йын ды Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтай».


Самуел загъта Саулӕн: «Дунедарӕг мӕ рарвыста дӕу Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, паддзахӕй байсӕрдынмӕ. Гъемӕ байхъус, Дунедарӕг дын цы фӕдзӕхсы, уымӕ.


Самуел зӕгъы: «Кӕд дӕхи цӕсты ницы уыдтӕ, уӕддӕр Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ сӕргъы нӕ лӕууыс, ӕви? Дунедарӕг дӕ Израилӕн байсӕрста паддзахӕй.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».


Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй.


Уый фӕлтау ын йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райс, ӕмӕ цом».


Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».


Адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой Самуелы ныхӕстӕ. Загътой: «Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы!


Гъемӕ сӕм байхъус. Ӕрмӕст сын бӕлвырд радзур, фидӕны паддзах сын хицауиуӕг куыд кӕндзӕни, уый».


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


Сахары кӕронмӕ куы рахӕццӕ сты, уӕд Самуел Саулӕн загъта: «Ӕххуырстӕн зӕгъ, ӕмӕ нӕ разӕй цӕуа. Ды та ӕрлӕуу, ӕмӕ дын ӕз фехъусын кӕндзынӕн Хуыцауы фӕндон». Ӕххуырст ацыди сӕ разӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan