Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9-10 Силомы куывдӕй куы сыстадысты, уӕд Аннӕ, кӕугӕйӕ, йӕ фыр тыхстӕй Дунедарӕгмӕ кувын райдыдта. Ныр сауджын Елиа та Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕны дуары раз бандоныл бадти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 1:9
9 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».


Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.


Дзынӕзтон Дӕм, о Дунедарӕг, лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕгӕн:


Фӕлитойты бабын кӕндзынӕ Ды, марӕг ӕмӕ мӕнгардыл Дунедарӕг ӕлгъ кӕны.


уӕд ӕй йӕ хицау бакӕнӕд Хуыцауы размӕ — бакӕнӕд ӕй дуармӕ кӕнӕ дуарӕн йӕ тарвазмӕ — ӕмӕ йын уым туасӕй фӕхуынкъ кӕнӕд йӕ хъус, ӕмӕ йӕ хицауӕн цагъарӕй баззайӕд мыггагмӕ.


Самуел та схуыссыд. Райсомӕй байгом кодта Дунедарӕджы хӕдзары дуӕрттӕ. Дунедарӕгӕй цы фехъуыста, уый нӕ уӕндыд Елиайӕн схъӕр кӕнын,


Самуел дӕр хуыссыди Дунедарӕджы кувӕндоны, Хуыцауы Фидыды Чырын кӕм уыди, уым. Кувӕндоны цырагъ ма судзгӕ кодта.


Елиа фӕндаггӕрон бадти йӕ бандоныл. Йӕ цӕстытӕ фӕндагӕй нӕ иста, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырынмӕ йӕ зӕрдӕ тынг ӕхсайдта. Уыцы лӕг сахары адӕмӕн хабар фехъусын кодта, ӕмӕ адӕм нырдиаг кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan