Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 ӕмӕ йын Елкана, йӕ сӕрыхицау, загъта: «Аннӕ! Цӕуыл кӕуыс? Фынгмӕ цӕуылнӕ ӕвналыс? Цы маст дӕ бацыди? Исты дын ӕз дӕс фыртӕй дӕр адджындӕр нӕ дӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 1:8
11 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ йӕ Хазаел афарста: «Дӕ зӕрдӕ цӕмӕй суынгӕг ис, ме ’лдар?» Уый йын дзуапп радта: «Израилы адӕмӕн фыдбылыз кӕй скӕндзынӕ, уымӕй. Сӕ фидӕрттӕ сын басудздзынӕ, сӕ лӕппуты сын карды амӕттаг бакӕндзынӕ, сӕ дзидзидайты сын ныммардзынӕ, се ’нхъӕлцау сылгоймӕгты сын афаддзынӕ».


Дӕ тыхст хӕларӕн батӕригъӕд кӕн, Хуыцауы тас ӕм куынӕуал уа, уӕддӕр.


Сӕ карды фӕрцы нӕ самал кодтой ацы зӕхх, сӕ хъару сын не ’рхаста уӕлахиз, фӕлӕ Дӕ къух ӕмӕ Дӕ хъомыс, Дӕ цӕсгомы рухс — Ды сыл аудыдтай.


«Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй». Афтӕ загъта Дунедарӕг Сионы сахарӕн.


Ды уыдтӕ, удхайраг чи фӕвӕййы, ахӕм уагъд усы хуызӕн. Фӕлӕ дӕм ныр фӕстӕмӕ сиды Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ зӕгъы: «Фыццаг уарзоныл чи бахъоды кӕндзӕн?


Уыдон ӕй бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Мариа сын дзуапп радта: «Мӕ Хицауы мын ахастой ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонын».


Йесо йын загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Мариа ӕнхъӕл уыди, Уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ Йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд Ӕй ды рахастай, уӕд Ӕй кӕм бавӕрдтай, уый мын зӕгъ ӕмӕ Йӕ ӕз ахӕссон».


Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.


Зӕрдӕрухсы хос дын уыдзӕн, дӕ зӕронды бонты та ӕнӕ дарӕгӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта — авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр чи у!»


Афтӕ уыди ӕрвылаз дӕр: Аннӕ-иу Дунедарӕджы хӕдзармӕ куы ссыди, уӕд ӕй Пениннӕ ӕнӕ бафхӕргӕ никуы ныууагъта. Иуахӕмы та Аннӕ куыдта, йӕ дзыхмӕ комдзаг нал иста,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan