6 Йе ’мыджыр та йыл ӕфхӕрынӕй нӕ ауӕрста, мӕстӕй йӕ мардта, Дунедарӕг ын зӕнӕг кӕй нӕ радта, уый тыххӕй.
Рахелӕн Йаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иуахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын цот, науӕд амӕлдзынӕн!»
Саулы чызг Мелхолӕйӕн йӕ амӕлӕты бонмӕ цот нӕ рацыд.
Уыдон ӕфхӕрынц ӕнӕзӕнӕджы, идӕдзӕн хорздзинад нӕ ракӕнынц.
Дӕ тыхст хӕларӕн батӕригъӕд кӕн, Хуыцауы тас ӕм куынӕуал уа, уӕддӕр.
Дӕ усы хойы ма ракур, дӕ усы удӕгасӕй ма ӕрӕмуат у йемӕ.
Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрмӕст мӕм иу курдиат ис: дыууӕ мӕйы-ма банхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ме ’мбӕлттимӕ хӕхтӕм ацӕудзынӕн ӕмӕ уым фӕкӕудзынӕн мӕ хъысмӕтыл — мойы ад кӕй нӕ базондзынӕн, ууыл».
Афтӕ уыди ӕрвылаз дӕр: Аннӕ-иу Дунедарӕджы хӕдзармӕ куы ссыди, уӕд ӕй Пениннӕ ӕнӕ бафхӕргӕ никуы ныууагъта. Иуахӕмы та Аннӕ куыдта, йӕ дзыхмӕ комдзаг нал иста,
Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.