Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 1:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Лӕг-иу алы аз дӕр йӕ сахарӕй араст ис Силоммӕ, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ скува ӕмӕ Йын нывонд ӕрхӕсса. Уым Дунедарӕджы сауджынтӕ уыдысты Елиа ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Хофни ӕмӕ Пинхас.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 1:3
22 Iomraidhean Croise  

Афӕдзӕй-афӕдзмӕ Мын бӕрӕгбон кӕнут ӕртӕ хатты.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы раз.


Афӕдз ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз.


Йесойы ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕрвылаз Йерусалиммӕ цыдысты.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.


Уый фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, Силомы ӕрвылаз Дунедарӕджы номыл куывд кӕй фӕкӕнынц, уый. Уыцы сахар ис Вефилӕй цӕгатӕрдӕм, Левонайы сахарӕн йӕ хуссарварс, Вефил ӕмӕ Шехемы астӕу цы фӕндаг ис, уымӕй та — скӕсӕны ’рдӕм.


Елкана йӕ бинонтимӕ ссыди Дунедарӕгӕн ӕрвылазы нывонд ӕмӕ сомыйы нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ.


Силомы куывдӕй куы сыстадысты, уӕд Аннӕ, кӕугӕйӕ, йӕ фыр тыхстӕй Дунедарӕгмӕ кувын райдыдта. Ныр сауджын Елиа та Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕны дуары раз бандоныл бадти.


Уыдонимӕ — Ахитувы фырт Ахийа дӕр, ефод-иу хӕрдмӕ чи систа, уый, раздӕр Силомы Дунедарӕджы сауджын чи уыди, уыцы Елиайы байзӕддаг. Ахитув ӕмӕ йе ’фсымӕр Ихавод Елиайы фырт Пинхасы фырттӕ уыдысты. Саулимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр ничи зыдта, Ионатан кӕй ацыд, уый.


Йӕ мад-иу ын алы аз дӕр бахуыдта чысыл пӕлӕз ӕмӕ-иу ын ӕй схаста, йӕ моимӕ-иу ӕрвылазы нывонд ӕрхӕссынмӕ куы ссыдысты, уӕд.


Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.


Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.


Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд, Елиайы дыууӕ фырты та — Хофни ӕмӕ Пинхас — мард фесты.


Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan