Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дунедарӕгмӕ куывта ӕмӕ куывта, Елиа та йӕм касти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 1:12
8 Iomraidhean Croise  

Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:


Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.


Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.


Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.


Аннӕ расомы кодта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ цагъары хъизӕмармӕ куы ’ркӕсай, куынӕ Дӕ ферох уа Дӕ цагъар ӕмӕ йын тырын куы ралӕвар кӕнай, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн снывонд кӕндзынӕн. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты уыдзӕни Дӕу, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн никуы андзӕвдзӕн».


Аннӕ дзырдта йӕ мидзӕрдӕйы, ӕмӕ йӕ былтӕ змӕлыдысты, фӕлӕ йӕ хъӕлӕс нӕ хъуысти, ӕмӕ Елиамӕ расыджы хуызӕн фӕкаст.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan