Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Паддзахӕдтӕ 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Аннӕ расомы кодта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ цагъары хъизӕмармӕ куы ’ркӕсай, куынӕ Дӕ ферох уа Дӕ цагъар ӕмӕ йын тырын куы ралӕвар кӕнай, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн снывонд кӕндзынӕн. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты уыдзӕни Дӕу, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн никуы андзӕвдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Паддзахӕдтӕ 1:11
25 Iomraidhean Croise  

Йаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куынӕ уадза,


Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».


Фӕлӕ Хуыцау Рахелмӕ дӕр ӕркасти, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд.


Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Кӕд Дунедарӕг ӕркӕсид, къӕхты бын мӕ куыд кӕнынц, уымӕ, ӕмӕ мын абоны ӕлгъыст хорзӕн фӕкӕнид».


ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.


Цы, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕйы бын кӕй фӕхастон? Цы, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мын чи райгуырд?


Дӕ ныхас нӕ сӕххӕст кӕныны бӕсты, фӕлтау дӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп ма суадз;


«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: исчи Дунедарӕгӕн адӕймаджы снывонд кӕнынӕй куы расомы кӕна ӕмӕ йӕ, уыцы адӕймагӕн йӕ аргъ цас у, уый бӕрц бафидын куы хъӕуа,


Уӕд израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн басомы кодтой: «Ацы адӕмы нын кӕд нӕ къухмӕ раттай, уӕд сын сӕ сахартӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн».


Уыцы мӕргътӕй иу сауджын ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн, ӕмӕ йӕ марды буарыл андзӕвыны тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕд. Назир тӕккӕ уыцы бон йӕ сӕр срухс кӕнӕд,


Йӕ назир-бонты дӕргъы сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва йӕ сӕрыл. Цалынмӕ, Дунедарӕгӕн йӕхи цы бонты ӕмгъуыдмӕ снывонд кодта, уыдон аивгъуыйой, уӕдмӕ уаз у: хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ рауадза.


Йӕ назир-бонты дӕргъы Дунедарӕгӕн нывондгонд у.


Йеффай Дунедарӕгӕн дзырд радта: «Аммонӕгты мын мӕ къухмӕ куы радтай


Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕн. Йӕ сӕрыхъуынтӕ макуы алвынӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдзӕни Хуыцауы назир. Уый Израилы филистимӕгтӕй ирвӕзын кӕнын райдайдзӕн».


Дунедарӕгмӕ куывта ӕмӕ куывта, Елиа та йӕм касти.


Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,


Аннӕ та нӕ ацыди. Йӕ мойӕн загъта: «Саби риуӕй иртӕст куы ’рцӕуа, уӕд ӕй мӕхӕдӕг фӕхӕццӕ кӕндзынӕн Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ уыйадыл уым баззайдзӕн».


Мӕнӕ Йӕм ацы сабийы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын ӕй Дунедарӕг радта.


Ныр та мӕ рад у, ӕмӕ Йын ӕй дӕттын: цард-цӕрӕнбонтӕм Дунедарӕджы у». Ӕмӕ лӕппу Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодта уым.


Ӕмӕ-иу Елиа Елкана ӕмӕ йӕ бинойнагӕн арфӕ ракодта: «Дунедарӕгӕн цы саби радтай, уый ныхмӕ ма дын Дунедарӕг ацы сылгоймагӕй цот рауадзӕд». Ӕмӕ-иу стӕй сӕ хӕдзармӕ аздӕхтысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan