1 Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.
Соломоны лӕггадгӕнджытӕй дӕр иу, Йоровам, зӕгъгӕ, ефремон, паддзахы ныхмӕ сыстади. Йоровам, Наваты фырт, уыди Цередайы сахарӕй, йӕ фыд ӕгас нал уыд ӕмӕ йӕ мад Цериа царди идӕдзӕй.
Ахитувӕй райгуырди Цадок; Цадокӕй райгуырди Шаллум;
Кехаты байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Аминадав, уый фырт Корах, уый фырт Ассир,
Мӕнӕ, сӕ фырттимӕ лӕггад чи кодта, уыдон: Кехаты мыггагӕй: Хеман, зарӕггӕнӕг; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Иоел, Самуел,
Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах,
Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Йосеф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.
Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым.
Галаадӕгтӕ Иорданы донуайӕнтӕ бацахстой. Чи аирвӕзт, уыцы ефремонтӕй-иу исчи доны фаллаг фарсмӕ бахизынмӕ куы хъавыд, уӕд-иу ӕй галаадӕгтӕ бафарстой: «Ефремон нӕ дӕ?» Уый-иу дзуапп радта: «Нӕ дӕн».
Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха.
Израилы паддзах куынӕ уыд, уыцы заман Ефремы хӕхты фахсыл цардис иу лӕг — левит. Уый иудейаг Вифлеемӕй йӕхицӕн номылус ӕрбакодта.
Уый бадти Деворӕйы пальмӕйы бын, Рама ӕмӕ Вефилы ’хсӕн, Ефремы хӕхты. Израилӕгтӕ йӕм уырдӕм цыдысты, ӕмӕ сын уый сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрста.
Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.
Оведӕй райгуырд Йессей; Йессейӕ райгуырди Давид.
Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,
Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары.
Елкана ацыди Рамамӕ, йӕ хӕдзармӕ, лӕппу та сауджын Елиамӕ баззади Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ.
Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.
Саул йе ’ххуырстимӕ ӕрзылдис Ефремы хӕхбӕстӕ ӕмӕ Шалишайы зӕххыл, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Шаалимы зӕххыл сӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ уым дӕр нӕ разындысты. Афтӕ — Бениамины зӕххыл дӕр, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.
Цуфы зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд Саул йе ’ххуырстӕн загъта: «Аздӕхӕм фӕстӕмӕ, науӕд мӕ фыды зӕрдӕ хӕрджыты бӕсты махмӕ ӕхсайын райдайдзӕн».