4 Кӕд уӕ иу афтӕ зӕгъы: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», иннӕ та: «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», уӕд ацы дунейы адӕмау не стут, ӕви?
Ӕз уый зӕгъынмӕ хъавын, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр дзуры: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Кифӕйы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн».
уымӕн ӕмӕ нырма дӕр тӕригъӕдджын монцты дӕлбар стут. Кӕд ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут, хъаугъамӕ гӕппӕввонгӕй лӕуут, уӕд уый исты, уӕ буары тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды дӕлбар кӕй стут ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕг адӕмы цардӕй кӕй цӕрут, уый нӕ нысан кӕны?
Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл — иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕуыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат.
Зонут ӕй, ме ’фсымӕртӕ: ӕз цы Фарны Уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд.