3 Се ’ппӕт дӕр хордтой уыциу монон хойраг.
Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.
Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.
Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ, ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.
Израилӕгтӕ йӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа, цымӕ?» Ницы йын зыдтой. Моисей сын загъта: «Уый дзул у, Дунедарӕг уын ӕй хӕрынӕн дӕтты.
Цалынмӕ израилӕгтӕ Ханаанмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйӕ цардысты.
Ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дзул уын ӕруарын кӕндзынӕн арвӕй. Адӕм-иу алы бон дӕр рацӕуӕнт ӕмӕ-иу сӕхицӕн бонваг ӕруидзӕнт. Ӕз та сӕ бафӕлвардзынӕн, кӕддӕра Мын Ме ’Гъдау куыд ӕххӕст кӕнынц.
Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.