4 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый уӕлахиз кӕны дунейыл. Дуне саст цӕмӕй ӕрцыд, уый нӕ уырнындзинад у.
Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.
Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».
Бузныг Хуыцауӕй — Уый нын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!
Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.
Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.
Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.
Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕууӕндӕг куынӕ фӕуӕлахиз уа дунейыл, уӕд ыл уӕвгӕ та чи фӕуӕлахиз уыдзӕн?
Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.
Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.
Чи фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Мын кӕронмӕ коммӕгӕс чи разына, уымӕн Ӕз ратдзынӕн адӕмтӕн хицауиуӕг кӕныны бар,
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.
Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном.
Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.
Уӕлахиздзау уыдонау урс-урсид дарӕс скӕндзӕн, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныгӕй нӕ фесафдзынӕн. Мӕ Фыд ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн Мӕхионыл.