3 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.
Тынг Ӕй уарзта ӕмӕ Йыл йӕхи нӕ тигъ кодта. Ӕххӕст Ын кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ, кӕддӕр Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон.
Мӕн чи уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та мин фӕлтӕры онг — арфӕгӕнӕг.
Уӕлзонды фӕндӕгтӕ — цины цӕуӕнтӕ, иууылдӕр — ӕнӕфыдбылыз.
О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.
Уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ бӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц.
Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.
Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.
Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.
Фӕлӕ Ӕгъдау йӕхӕдӕг Хуыцауӕй цӕуы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр домы, уый сыгъдӕг, раст ӕмӕ хорз у.
Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы ӕгъдауыл,
Чи Мӕ уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та сӕ тъымы-тъыма дӕр хайджын у Мӕ хорзӕхӕй.
Уӕдӕ зонут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау кӕй у, Йӕ сомы Чи нӕ сайы, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл тъымы-тъымамӕ Чи ауды.
Мӕнӕ, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын раргом вӕййы, кӕй Йӕ базыдтам, уый.
Уарзын та афтӕ амоны, ӕмӕ мах хъуамӕ цӕрӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ. Райдианӕй кӕй фехъуыстат, уыцы фӕдзӕхст ахӕм у: цӕрут уарзондзинадмӕ гӕсгӕ.