Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




1 Иоанн 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Афтӕмӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг моны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




1 Иоанн 4:6
33 Iomraidhean Croise  

Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“.


Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.


Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».


Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.


Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.


Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Ӕз кӕй арвитын, уый чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны, Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».


Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Ӕй райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕни.


Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.


Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.


Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».


Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».


Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо сын дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».


Йесо сын загъта: «Сымах ацы зӕххӕй стут, Ӕз та — уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.


Павелӕй, Хуыцау кӕмӕ фӕсидти ӕмӕ Йӕ Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бахӕс кодта, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй.


Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ скодта ӕнӕмбаргӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр цӕстӕй нӕ уынынц ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц».


Кӕд исчи йӕхи пехуымпарыл кӕнӕ Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд курдиаты хицауыл нымайы, уӕд бамбарӕд: ӕз уӕм цы фыссын, уый Бардарӕг бафӕдзӕхста.


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр уыйау Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл.


Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.


Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.


Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.


Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.


Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзондзинад у.


Зонӕм ӕй: мах Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, дуне ӕнӕхъӕнӕй та хӕйрӕджы уацары ис.


Фӕлӕ сымахӕй, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рох ма уӕд, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы апостолтӕ рагагъоммӕ цы загътой, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan