9 Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.
Сымах та мӕ фӕдыл зилут ӕмӕ мын мӕ хъизӕмӕрттӕ мӕхи аххос фӕкӕнынмӕ хъавут, —
Мӕнгард ӕвзаг, хорзӕй дӕм цы кӕсы?
Цӕрӕгойы мард тауинаг нӕмгуытыл куы ӕрхауа, уӕд уыдон баззайдзысты сыгъдӕгӕй.
Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ ратдзӕн, низджын бӕлас та — хорз дыргъ.
Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».
Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».
Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?
Уымӕн ӕмӕ буары ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый Уды ныхмӕ у, Уды цы фӕнды, уый та — буары ӕрдзыхъӕды ныхмӕ. Уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут.
ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,
Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы.
Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
Чидӕриддӕр Йемӕ баиу, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы. Тӕригъӕд чидӕриддӕр ракӕны, уый Йӕ нӕ федта ӕмӕ Йӕ нӕ базыдта.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзийы, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы.
Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый уӕлахиз кӕны дунейыл. Дуне саст цӕмӕй ӕрцыд, уый нӕ уырнындзинад у.
Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта.