5 Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый.
уӕд та-иу Йӕ зӕрдыл ӕрӕфтыди, кӕддӕр семӕ цы фидыд сарӕзта, уый ӕмӕ, бирӕбараг кӕй у, уый фӕрцы та-иу сын фӕтӕригъӕд кодта.
алы бӕстӕтӕй — скӕсӕнӕй, ныгуылӕнӕй, цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй — кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыцы адӕм.
Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».
Хӕстоны цыргъ фӕттӕ, ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.
Зондджын лӕппу Хуыцауы ’гъдау ӕххӕст кӕны, ӕнӕуагтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ фыды худинаг кӕны.
Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!
Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.
Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».
Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.
Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.
Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу ис Мемӕ, ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ.
Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.
Куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм цыдысты, хъуыддӕгты фӕрцы йӕ уырнындзинад сси ӕнаипп.
Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд.
Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.
Уарзондзинадӕн тасимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕцӕг уарзондзинад кӕм уа, уым тасӕн бынат нӕй. Уымӕн ӕмӕ, тӕрсгӕ чи кӕны, уый ныридӕгӕн ӕфхӕрд ӕййафы. Чи тӕрсы, уымӕн йӕ уарзт алцӕмӕй ӕххӕст нӕу.
Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй зонӕм, Йӕ хъӕбулты Йын кӕй уарзӕм, уый.
Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
Уарзын та афтӕ амоны, ӕмӕ мах хъуамӕ цӕрӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ. Райдианӕй кӕй фехъуыстат, уыцы фӕдзӕхст ахӕм у: цӕрут уарзондзинадмӕ гӕсгӕ.
Залым смӕсты ис сылгоймагмӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, сылгоймаджы уыцы иннӕ цотимӕ схӕцынмӕ.
Уӕдӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон.