Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Руфы чиныг 1 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Фӕтӕгты заман иуахӕмы Израилы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ иудейаг Вифлеемӕй иу лӕг йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацӕрынмӕ ацыди Моавы быдырмӕ.

2 Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.

3 Уалынмӕ Наомийы лӕг Елимелех амарди, ӕмӕ ус баззади йӕ дыууӕ фыртимӕ.

4 Лӕппутӕ ракуырдтой моаваг чызджыты, сӕ иуы ном уыди Орпа, иннӕйы ном та — Руф; ӕмӕ уым дӕс азы бӕрц фӕцардысты.

5 Фӕлӕ уый фӕстӕ Наомийы фырттӕ дыууӕйӕ дӕр — Махлон ӕмӕ Килеон — амардысты, ӕмӕ сылгоймаг йӕ мой ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ быныл баззади.

6 Наоми бавдӕлд ӕмӕ йӕ чындзытимӕ фӕстӕмӕ рараст ис Моавы быдырӕй, уымӕн ӕмӕ, куыд ӕрыхъуыста, афтӕмӕй Хуыцау ӕркасти йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын хор радта.

7 Наоми, кӕм царди, уырдыгӕй рацыди йӕ дыууӕ чындзимӕ. Иудеймӕ фӕндагыл

8 Наоми йӕ чындзытӕн загъта: «Цӕут, алчидӕр уӕ йӕ цӕгатмӕ аздӕхӕд. Сымах мӕ хъӕбултӕн ӕмӕ мӕнӕн цас хӕрзты бацыдыстут, Дунедарӕг уын уыйас хӕрзтӕ схай кӕнӕд!

9 Дунедарӕг уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ ног мойы хӕдзары ӕнцой куыд ссара». Ӕмӕ сын аба кодта, фӕлӕ чындзытӕ ӕрдиаг систой ӕмӕ, кӕугӕйӕ, загътой:

10 «Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ».

11 Наоми та сын загъта: «Аздӕхут, мӕ къонатӕ; цӕмӕн хъуамӕ ацӕуат мемӕ? Исты ма, мыййаг, сымахӕн мой чи суаид, ахӕм хъӕбултӕ ис мӕ гуыбыны?

12 Аздӕхут, мӕ къонатӕ, ацӕут; ӕз моймӕ фӕцӕуынӕн ӕгӕр базӕронд дӕн. Ӕниу, ӕз афтӕ дӕр куы зӕгъин: „Нырма мӕ ныфс ис“, ӕмӕ тӕккӕ ахсӕв лӕгимӕ куы фӕуин ӕмӕ мын уый фӕстӕ лӕппутӕ куы райгуырид,

13 уӕд дӕр уыдоны ралӕгмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсиккат? Кӕдмӕ бадат, куыннӕ хъуамӕ смой кӕнат? Нӕ, мӕ къонатӕ, мӕ зӕрдӕ уыл тынг риссы, уымӕн ӕмӕ мӕ Дунедарӕг бафхӕрдта».

14 Чындзытӕ та ногӕй нырдиаг кодтой ӕмӕ ныккуыдтой. Орпа аба кодта йе ’фсинӕн ӕмӕ аздӕхти йӕ адӕммӕ, Руф та баззади йемӕ.

15 Наоми загъта Руфӕн: «Кӕсыс, дӕ файнуст йӕ адӕммӕ, йӕ хуыцӕуттӕм аздӕхт; ды дӕр дӕ файнусты фӕд-фӕд ацу».

16 Фӕлӕ Руф загъта: «Ӕвӕндонӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ ныууадзон? Куыд хъуамӕ ацӕуон дӕуӕй? Фӕлтау, ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; ды кӕм ӕрӕнцайай, ӕз дӕр уым ӕрӕнцайдзынӕн; дӕ адӕм суыдзысты мӕ адӕм, дӕ Хуыцау та — мӕ Хуыцау.

17 Ды кӕм амӕлай, уым ӕз дӕр амӕлдзынӕн, ӕмӕ мӕ уыцы ран баныгӕндзысты. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг, адзалӕй дарддӕр мӕ исты куы фӕхицӕн кӕна дӕуӕй».

18 Чындз фидарӕй йемӕ цӕуынвӕнд скодта, уый куы федта Наоми, уӕд уӕлдай ницыуал загъта.

19 Ӕмӕ иумӕ суанг Вифлееммӕ фӕцыдысты. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сахар ӕнӕхъӕнӕй дӕр сызмӕлыд, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дзырдтой: «Уый Наоми уа?»

20 Наоми сын загъта: «Наоми мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Мара, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс судзаггаг маст бавзарын кодта.

21 Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг. Цӕмӕн мӕ хъӕуы хонын Наоми, кӕд ӕмӕ мын Дунедарӕг хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, кӕд ӕмӕ мӕ ралгъыста Ӕппӕтхъомыс».

22 Афтӕ Наоми йӕ чындзимӕ, моаваг Руфимӕ, ӕрбаздӕхти Моавы бӕстӕй. Вифлееммӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уыди хъӕбӕрхор кӕрдыны афон.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan