Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 7 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Дунедарӕг Нойӕн загъта: «Бахиз наумӕ дӕ бинонтимӕ. Ныры дуджы адӕмӕй Мӕ цӕсты иунӕг ды дӕ рӕстӕвзар.

2 Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕйнӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та — фӕйнӕ иу къайы.

3 Уӕларвон мӕргътӕй дӕр райс фӕйнӕ авд къайы. Уадз ӕмӕ зӕххыл баззайа сӕ мыггаг.

4 Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон».

5 Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

6 Зӕххыл доныхъаймӕт куы райдыдта, уӕд Нойыл цыдис ӕхсӕзсӕдӕ азы.

7 Доны хъаймӕтӕй Ной йӕхи бафснайдта науы, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр — йемӕ.

8 Сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ, ноджы ма мӕргътӕ ӕмӕ алы хилӕгойтӕ

9 Нойы наумӕ бахызтысты къӕйттӕ, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

10 Авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доныхъаймӕт.

11 Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,

12 ӕмӕ зӕхмӕ калди тыгъдызӕй — дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.

13 Тӕккӕ уыцы бон бахызтысты наумӕ Ной, йӕ фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафет, стӕй йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ.

14 Семӕ бакодтой сырд ӕмӕ фосы алы мыггагӕй, хилӕгой ӕмӕ маргъы алы мыггагӕй.

15 Цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты Ноймӕ ӕмӕ къайгай бахызтысты наумӕ.

16 Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Дунедарӕг дуар сӕхгӕдта Нойы фӕдыл.

17 Зӕххыл доныхъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сбирӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа нау.

18 Дон ӕфсӕрста ӕмӕ тынг сбирӕ ис зӕххыл, ӕмӕ нау цыди доныл.

19 Дон афтӕ тынг сабузта, ӕмӕ, арвы бын бӕрзонд хохӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон доны бын фесты:

20 фынддӕс ӕлмӕрины фӕуӕлдӕр ис дон ӕппӕты бӕрзонддӕр хӕхтӕй.

21 Бабын ис зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕмӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр.

22 Зӕххы цъарыл царды комулӕфт кӕй мидӕг уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр бабын сты.

23 Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты хъуыры аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ науы чи уыди, уыдон.

24 Ныр дон та зӕххы сӕрмӕ абузта дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan