Райдиан 5 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс, 2 сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Раарфӕ сын кодта ӕмӕ сӕ се сфӕлдисӕн бон рахуыдта «адӕймӕгтӕ». 3 Адамыл дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Шет. Шет уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта. 4 Шеты райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 5 Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы. 6 Шетыл сӕдӕ фондз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Енош. 7 Еношы райгуырды фӕстӕ ма Шет фӕцард астсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8 Ӕдӕппӕтӕй та Шет фӕцарди фарастсӕдӕ дыууадӕс азы. 9 Еношыл дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Кеинан. 10 Кеинаны райгуырды фӕстӕ ма Енош фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 11 Ӕдӕппӕтӕй та Енош фӕцарди фарастсӕдӕ фондз азы. 12 Кеинаныл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Махалаел. 13 Махалаелы райгуырды фӕстӕ ма Кеинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14 Ӕдӕппӕтӕй та Кеинан фӕцарди фарастсӕдӕ дӕс азы. 15 Махалаелыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Йаред. 16 Йареды райгуырды фӕстӕ ма Махалаел фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 17 Ӕдӕппӕтӕй та Махалаел фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы. 18 Йаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Енох. 19 Енохы райгуырды фӕстӕ ма Йаред фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 20 Ӕдӕппӕтӕй та Йаред фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы. 21 Енохыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Мефушал. 22 Мефушалы райгуырды фӕстӕ ма Енох фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 23 Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы. 24 Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы. 25 Мефушалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Ламех. 26 Ламехы райгуырды фӕстӕ ма Мефушал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 27 Ӕдӕппӕтӕй та Мефушал фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы. 28 Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, 29 ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй». 30 Нойы райгуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцарди фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 31 Ӕдӕппӕтӕй та Ламех фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы. 32 Нойыл фондзсӕдӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia