Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 48 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йосефмӕ хабар уыдис, дӕ фыд фӕрынчын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йосеф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Менассиа ӕмӕ Ефремы, ӕмӕ араст ис Йаковмӕ.

2 Йаковӕн загътой, йӕ фырт Йосеф ӕм кӕй ӕрбацыди, уый. Израил йӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодта ӕмӕ йӕ хуыссӕны рабадт.

3 Йаков Йосефӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта.

4 Загъта мын: „Ӕз дӕ сбирӕ кӕндзынӕн — тынг бирӕ суыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгтӕн ацы зӕхх ратдзынӕн мыггагмӕйы исбонӕн“.

5 Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалынмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефрем ӕмӕ Менассиа, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад.

6 Сӕ фӕстӕ ма дын чи рантыса, уыдон та нымад уыдзысты дӕхи цотыл, ӕмӕ сӕ бынтӕ уыдзысты сӕ хистӕр ӕфсымӕрты зӕххы хайыл.

7 Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.

8 Израил Йосефы фыртты куы федта, уӕд ӕй бафарста: «Адон дын чи сты?»

9 Йосеф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Йаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын арфӕ ракӕнон».

10 Израил базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Йосеф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта.

11 Йосефӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй ма мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр фенын кодта».

12 Йосеф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахизын кодта ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.

13 Уый фӕстӕ Йосеф Ефремы ӕрлӕууын кодта йӕ рахизфарс — Израилӕн йӕ галиу къухы акомкоммӕ, Менассиайы та йӕ галиуфарс — Израилӕн йӕ рахиз къухы акомкоммӕ, ӕмӕ та йӕм сӕ бакодта.

14 Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы — кӕстӕры — сӕрыл, йӕ галиу къух та Менассиайы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр.

15 Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у —

16 алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд — ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ! Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт мӕ ном, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном! Дунейыл ӕнӕнымӕц бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»

17 Йосеф ӕй Ефремы сӕрыл йӕ рахиз къух ӕрӕвӕргӕ куы федта, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фыды къухмӕ бавнӕлдта, Ефремы сӕрӕй йӕ хъавыди Менассиайы сӕрмӕ айсын.

18 Йосеф ын загъта: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Мӕнӕ уый у хистӕр зӕнӕг. Уый сӕрыл ӕрӕвӕр дӕ рахиз къух».

19 Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».

20 Гъе афтӕмӕй сын уыцы бон Йаков раарфӕ кодта, ӕмӕ Йосефӕн загъта: «Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн, дӕ ном аргӕйӕ, арфӕтӕ кӕндзысты. Зӕгъдзысты-иу: „Хуыцауы арфӕ сӕмбӕлӕд Ефрем ӕмӕ Менассиайау дӕуыл дӕр!“» Афтӕмӕй Ефремы фӕуӕлдӕр кодта Менассиайӕ.

21 Уый фӕстӕ Израил Йосефӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау ауддзӕни сымахыл ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздахдзӕн.

22 Дӕуӕн та, де ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕттын, аморӕгтӕй мӕ кард ӕмӕ фатӕй кӕй байстон, уыцы хохы фахс, Шехем».

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan