Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 45 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Йосеф ма тыххӕй йӕхи урӕдта, йӕ цуры чи уыди, уыдоны раз ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ацӕут уе ’ппӕт дӕр!» Йосефы раз ничиуал аззадис, йӕхи йе ’фсымӕртӕн куы ӕргом кодта, уӕд,

2 фӕлӕ афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ мысырӕгтӕ дӕр фехъуыстой. Суанг фараоны галуанмӕ дӕр байхъуысти уыцы хабар.

3 Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.

4 Йосеф та сӕм дзуры: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут!» Куы йӕм бацыдысты, уӕд сын афтӕ: «Ӕз Йосеф дӕн, уе ’фсымӕр, Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый.

5 Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй.

6 Зӕххыл стонг заман куы скодта, уӕдӕй дыууӕ азы рацыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы дӕргъы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр хуым кӕрддзысты.

7 Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕмӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат.

8 Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.

9 Рӕвдздӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут, дӕ фырт Йосеф дӕм ӕрвиты: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы. Рацу мӕм ӕвӕстиатӕй.

10 Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.

11 Уым дӕ тыхсын ницӕмӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос“.

12 Ныр уӕхи цӕстӕй уынут, сымах дӕр ӕмӕ ды дӕр, ме ’фсымӕр Бениамин, уемӕ Йосеф кӕй ныхас кӕны, уый!

13 Мӕ фыдӕн фехъусын кӕнут, Мысыры мын цы стыр кад ис, уый. Цыдӕриддӕр федтат, уый йын рафӕзмут ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ардӕм ӕркӕнут».

14 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йосеф йе ’фсымӕр Бениамины ӕфцӕджы ныттыхст ӕмӕ ныккуыдта. Йосефыл ныттыхсгӕйӕ, куыдта Бениамин дӕр.

15 Цӕссыг калгӕйӕ, Йосеф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ныхас кӕнын.

16 Фараоны галуанмӕ байхъуысти, зӕгъгӕ, ӕрцыдысты Йосефы ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыцы хабар фараонӕн ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн дӕр ӕхсызгон уыди.

17 Фараон Йосефӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн афтӕ бафӕдзӕхс мӕ номӕй: „Уӕ хӕрджытыл уӕргътӕ сӕвӕрут, фӕцӕут Ханааны зӕхмӕ

18 ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕут уӕ фыдимӕ ӕмӕ уӕ хӕдзаронтимӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕхх, ӕмӕ уӕхи ӕфсаддзыстут йӕ бӕркадӕй“.

19 Ноджы ма сын бафӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут.

20 Уӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын уӕм, зӕгъ, ӕвгъау ма фӕкӕсӕд — Мысыры зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уыдон, зӕгъ, сымах уыдзысты».

21 Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Йосеф сын фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр.

22 Ӕфсымӕртӕн радта фӕйнӕ фӕлысты дарӕс, Бениаминӕн та — ӕвзисты ӕртӕсӕдӕ шекелы ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс.

23 Йӕ фыдӕн Йосеф дӕс нӕл хӕрӕгыл арвыста Мысыры хуыздӕр хӕзнатӕй, дӕс сыл хӕрӕгыл та — хор ӕмӕ фӕндаггаг.

24 Йе ’фсымӕртӕ куы цыдысты, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Фӕндагыл-иу быцӕу ма кӕнут».

25 Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ рараст сты Мысырӕй ӕмӕ ӕрбаздӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыдмӕ, Йаковмӕ.

26 Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.

27 Фӕлӕ Йосефы ныхӕстӕ сӕ фыд Йаковӕн куы рафӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тыххӕй Йосеф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд фӕныфсджындӕр ис.

28 Израил загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕгас у нырма мӕ фырт Йосеф! Цӕуон ӕмӕ ма йӕ фенон мӕ мӕлӕты размӕ».

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan