Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 44 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Йосеф йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, цас афӕразой, уыйас хор ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взист йӕ голладжы нывӕр.

2 Кӕстӕрӕн та-иу йӕ голладжы нывӕр, йӕ хоры аргъ ӕвзисты уӕлӕмхасӕн, ме ’взист синон дӕр». Уый сӕххӕст кодта Йосефы фӕдзӕхст.

3 Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ ӕфсымӕрты ауагътой ӕд хӕрджытӕ.

4 Сахарӕй нӕма адард сты, афтӕ Йосеф бафӕдзӕхста йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн: «Рӕвдз атындз уыцы лӕгты фӕдыл ӕмӕ сӕ куы баййафай, уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Хорздзинад хӕрамӕй цӕмӕн фидут? Ӕвзист нуазӕн цӕмӕн радавтат?

5 Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат“».

6 Уый сӕ баййӕфта ӕмӕ сын Йосефы ныхӕстӕ рафӕзмыдта.

7 Уыдон ын загътой: «Цӕмӕн афтӕ зӕгъы не ’лдар? Дӕ цагъартӕ ахӕм ми бакӕной, уымӕн уӕвӕн нӕй.

8 Нӕ голджыты комы цы ссардтам, суанг дӕм уый дӕр Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рбахастам, уӕд не ’лдары хӕдзарӕй куыд хъуамӕ радавӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕрин?

9 Уыцы синон дӕ цагъартӕй кӕмӕ разына, уый-иу амарут, иннӕтӕ та йӕ цагъартӕ суӕнт не ’лдарӕн».

10 Уый загъта: «Фӕуӕд афтӕ, синон кӕмӕ разына, ӕрмӕст мӕм уый баззайдзӕни цагъарӕй, иннӕтӕ ӕназым уыдзысты».

11 Алчидӕр сӕ уайтагъд йӕ голлаг зӕхмӕ ӕриста ӕмӕ йын йӕ ком райхӕлдта.

12 Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын куыд хистӕрӕй басгӕрста сӕ голджытӕ, ӕмӕ синон Бениамины голладжы разынди.

13 Уӕд ӕфсымӕртӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ дзы алчи йӕ уаргъ фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты сахармӕ.

14 Йосеф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.

15 Йосеф сӕ бафарста: «Уый цы бакуыстат? Ӕви, мӕ хуызӕн адӕймагӕй бамбӕхсӕн ницы ис, уый нӕ зыдтат?»

16 Иудӕ афтӕ: «Цы у нӕ бон зӕгъын ме ’лдарӕн? Цы сдзурӕм йӕ ныхмӕ? Цӕмӕй сраст кӕнӕм нӕхи? Хуыцау нын раргом кодта нӕ азым, ӕмӕ дын нырӕй фӕстӕмӕ, ме ’лдар, уыдзыстӕм цагъартӕ — мах дӕр ӕмӕ, синон кӕмӕ разынди, уый дӕр».

17 Фӕлӕ Йосеф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ бакӕнон, уымӕн уӕвӕн нӕй. Синон кӕмӕ разынди, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ».

18 Уӕд Иудӕ Йосефмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, дӕ цагъарӕн ныхасы бар ратт. Фараоны ӕмсӕр дӕ ӕмӕ ма смӕсты у дӕ цагъармӕ.

19 Айразмӕ ме ’лдар йӕ цагъарты фарста, фыд, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, уымӕй.

20 Мах не ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уымӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у.

21 Ды дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай, ӕркӕнут мӕм ӕй ӕмӕ йӕ фенон, зӕгъгӕ,

22 ӕмӕ мах не ’лдарӕн загътам, зӕгъгӕ, лӕппуйӕн йӕ фыды ныууадзын йӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ныууадза, уӕд йӕ фыд амӕлдзӕни.

23 Фӕлӕ ды дӕ цагъартӕн загътай: уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куынӕ ’рцӕуа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут.

24 Мах ссыдыстӕм дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, ӕмӕ йын, ме ’лдар, дӕ ныхӕстӕ рафӕзмыдтам.

25 Ӕмӕ та нын фӕстӕдӕр нӕ фыд куы загъта, ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг, зӕгъгӕ,

26 уӕд ын дзуапп радтам: „Нӕй нын ацӕуӕн. Ацӕудзыстӕм ӕрмӕстдӕр уӕд, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы уа, — ӕнӕ уымӕй нӕ бон нӕу уыцы лӕгмӕ нӕхи равдисын“.

27 Уӕд нын дӕ цагъар, нӕ фыд, загъта: „Сымах зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты ныййардта, уый.

28 Сӕ иу мӕ куы ныууагъта, уӕд загътон, сырд ӕй аргӕвста, бӕлвырд. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федтон.

29 Ӕмӕ ныр ай дӕр мӕ цурӕй куы акӕнат ӕмӕ йыл исты куы ’рцӕуа, уӕд мӕ зӕрдӕ аскъуыйдзӕн ӕмӕ мын мӕ зӕронд къуыдыр мӕрдтӕм барвитдзыстут“.

30 Гъемӕ ныр дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, куы бацӕуон, ӕмӕ, афтӕ ӕнувыд кӕуыл у, йӕ уыцы хъӕбул немӕ куынӕ разына,

31 уӕд нӕ фыд амӕлдзӕн. Йӕ зӕрдӕ аскъуыйдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй дӕ цагъартӕ сӕ зӕронд фыды, дӕ цагъары, мӕрдтӕм барвитдзысты.

32 Ныр ацы лӕппуйы тыххӕй та нӕ фыдӕн дзуапдӕттӕг ӕз дӕн, дӕ цагъар. Афтӕ йын загътон: „Фӕстӕмӕ дӕм ӕй куынӕ ’рбакӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы“.

33 Гъемӕ, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ ӕз, дӕ цагъар, ацы лӕппуйы бӕсты ме ’лдармӕ баззайон, уый та йе ’фсымӕртимӕ ацӕуӕд.

34 Уымӕн ӕмӕ лӕппу мемӕ куынӕ уа, уӕд куыд ӕрлӕудзынӕн нӕ фыды раз? Уый удхармӕ кӕсын нӕ бауыдзӕни мӕ бон».

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan