Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 43 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл.

2 Ӕфсымӕртӕ Мысырӕй цы хор сластой, уый куы фӕци, уӕд та сын сӕ фыд загъта: «Ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг».

3 Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.

4 Не ’фсымӕры нын немӕ куы рауадзай, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын балхӕндзыстӕм хойраг,

5 куынӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ».

6 Израил сын афтӕ: «Ахӕм хъизӕмар мын цӕй тыххӕй ӕвзарын кӕнут? Цӕмӕн схъӕр кодтат уыцы лӕгӕн, ӕфсымӕр ма уын ис, уый?»

7 Загътой йын: «Рафӕрс-бафӕрс нӕ фӕкодта уыцы лӕг, чи стӕм, бинонтӕ нын цы ис, нӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ фӕрстытӕн дзуапп лӕвӕрдтам мах дӕр. Уе ’фсымӕры мӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ нӕ бадомдзӕни, уый ӕнхъӕл чи уыд?»

8 Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы ӕмӕ ацӕуӕм. Уӕд удӕгасӕй баззайдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр. Науӕд нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕй.

9 Ай тыххӕй дзуапдӕттӕг ӕз уыдзынӕн, ӕмӕ-иу ӕй мӕнӕй бацагур. Фӕстӕмӕ дын ӕй ам куы нӕ ’рбалӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы.

10 Фӕстиат куынӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты сыздӕхтаиккам Мысырӕй».

11 Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.

12 Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади.

13 Бениамины дӕр уемӕ акӕнут ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ.

14 Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»

15 Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Бениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Йосефы раз ӕрлӕууыдысты.

16 Йосеф сын семӕ Бениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзар кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн, стӕй фосӕй исты аргӕвд ӕмӕ фынг ацӕттӕ кӕн — сихорыл мемӕ иу фынгыл баддзысты».

17 Уыйадыл сӕ уый Йосефы хӕдзармӕ акодта.

18 Ӕфсымӕрты тас бацыд, Йосефы хӕдзармӕ сӕ куы бакодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджыты дӕр нын байсдзысты».

19 Къӕсӕры раз Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты:

20 «Дӕ хорзӕхӕй, не ’лдар, иу ныхасы бар! Айразмӕ дӕр ма уыдыстӕм ам хойраг балхӕнынмӕ

21 ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам.

22 Ӕрхастам ма ӕндӕр ӕвзист дӕр, ногӕй та хойраг балхӕнынмӕ. Айразмӕ нын не ’взист нӕ голджыты чи нывӕрдта, уымӕн ницы зонӕм».

23 Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта

24 ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Йосефы хӕдзармӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.

25 Ӕфсымӕртӕ сихорафонмӕ, Йосефы ӕрбацыдмӕ, ӕрцӕттӕ кодтой сӕ хуынтӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъдӕуыди, сихор уым кӕй кӕндзысты.

26 Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.

27 Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»

28 Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.

29 Йосеф сыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Бениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!»

30 Йосефӕн йе ’фсымӕры уындӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг, йӕ цӕссыг ма тыххӕй баурӕдта. Рӕбинаг уатмӕ бацыди ӕмӕ уым фӕкуыдта.

31 Уый фӕстӕ йӕ цӕсгом цӕхсадта, рацыд ӕмӕ хиуылхӕцгӕйӕ бафӕдзӕхста, фынг ӕрӕвӕрут, зӕгъгӕ.

32 Йосефӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр хицӕнӕй, йемӕ минасгӕнӕг мысырӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысырӕгтӕм дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын ӕлгъагыл нымад у.

33 Ӕфсымӕрты Йосефы бакомкоммӕ куыд хистӕрӕй кӕй сбадын кодтой, уый сӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕрсӕджы каст кодтой.

34 Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan