Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 41 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Рацыди дыууӕ азы, ӕмӕ иуахӕмы фараон федта фын. Цыма лӕууыди Нилы былгӕрон,

2 ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, рӕсугъд ӕмӕ нард стуртӕ, ӕмӕ хызтысты хъӕзы ’хсӕн.

3 Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы, фыдуынд ӕмӕ мӕллӕджытӕ, ӕмӕ доны былгӕрон фыццӕгты цур ӕрлӕууыдысты.

4 Фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой рӕсугъд ӕмӕ нард хъуццыты. Уыйадыл фараон фехъал ис.

5 Ногӕй бафынӕй ӕмӕ та федта фын. Цыма иу зӕнгыл ӕрзади авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ.

6 Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скастис ӕндӕр авд ӕфсиры, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕмтӕ,

7 ӕмӕ аныхъуырдтой тыппырнӕмыг дзаг ӕфсирты. Фараон та райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын кӕй федта, уый.

8 Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.

9 Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд.

10 Иу хатт фараон йӕ цагъартӕм смӕсты ис ӕмӕ мӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕгимӕ, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыдис, уым бакодта.

11 Ӕмӕ уыцы иу ӕхсӕв федтам фынтӕ, ӕз дӕр ӕмӕ уый дӕр. Алкӕй фынӕн дӕр нӕ уыди сӕрмагонд нысаниуӕг.

12 Уым нын иу дзуттаг лӕппу, хъахъхъӕнджыты хицауы цагъар, лӕггад кодта. Мах ын нӕ фынтӕ радзырдтам, ӕмӕ нын сӕ райхӕлдта, алкӕмӕн дӕр нӕ загъта, йӕ фын цы амоны, уый.

13 Куыддӕриддӕр нын сӕ райхӕлдта, афтӕ рауади хъуыддаг: ӕз фӕстӕмӕ мӕ бынаты ӕвӕрд ӕрцыдтӕн, уый та ӕрцауыгътой».

14 Фараон арвыста Йосефмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Йосефӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныддастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.

15 Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».

16 Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».

17 Фараон Йосефӕн радзырдта: «Мӕ фыны цыма лӕууыдтӕн Нилы былгӕрон,

18 ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, нард ӕмӕ рӕсугъд стуртӕ, ӕмӕ хызтысты хъӕзы ’хсӕн.

19 Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы — тынг фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг стуртӕ. Ахӕм цауд хъуццытӕ Мысыры зӕххыл никуыма федтон.

20 Мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуццытӕ бахордтой, фыццаг чи рацыди, уыцы авд нард хъуджы.

21 Нард хъуццытӕ сӕ хъуыры аирвӕзтысты, фӕлӕ адоныл уый зынгӕ дӕр нӕ фӕкодта — куыд тӕнтӕхауд уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Стӕй райхъал дӕн.

22 Ног та бафынӕй дӕн ӕмӕ мӕ фыны федтон, цыма иу зӕнгыл ӕрзад авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ.

23 Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скасти ӕндӕр авд ӕфсиры, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕмтӕ,

24 ӕмӕ тыппырнӕмыг ӕфсирты аныхъуырдтой. Мӕ фынтӕ дӕсныфӕрсджытӕн радзырдтон, фӕлӕ мын сӕ уыдонӕй ничи райхӕлдта».

25 Йосеф фараонӕн загъта: «Фараоны дыууӕ фыны иу фын сты. Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы бакӕнинаг у, уый.

26 Авд дзӕбӕх хъуджы амонынц авд азы, авд дзӕбӕх ӕфсиры дӕр — авд азы. Афтӕмӕй фын иу у.

27 Фыццӕгты фӕдыл цы авд мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуджы рацыди, уыдон та амонынц иннӕ авд азы, хус дымгӕмӕ руад ӕфсиртӕ дӕр — афтӕ. Адон сты авд стонг азы.

28 Гъе уымӕ гӕсгӕ загътон фараонӕн, Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый, зӕгъгӕ.

29 Ныридӕгӕн ӕппӕт Мысыры зӕххыл райдайдзысты бӕркадджын авд азы.

30-31 Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни.

32 Фараон уыцы иу фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та амоны, Хуыцауӕн Йӕ уынаффӕ ӕнӕивгӕ кӕй у ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕни, уый.

33 Гъемӕ фараон бацагурӕд куырыхон, ӕрхъуыдыджын лӕджы ӕмӕ йӕ Мысыры сӕргъы сӕвӕрӕд.

34 Ноджы ма равзарӕд барджын лӕгтӕ, цӕмӕй йын бӕркадджын авд азы дӕргъы Мысыры адӕмӕй исой тыллӕджы фӕндзӕм хай.

35 Ӕрцӕуинаг чи у, уыцы тыллӕгджын азты ӕмбырд кӕнӕнт ӕппӕт хор ӕмӕ йыл ӕрмӕст фараоны бар куыд цӕуа, афтӕ йӕ хордӕтты ӕфснайдӕй дарӕнт.

36 Уыцы хорӕй авд стонг азы дӕргъы ирвӕздзысты Мысыры адӕм, сыдӕй нӕ амӕлдзысты».

37 Ацы фӕнд фӕцыди фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕмӕ,

38 ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»

39 Йосефӕн дӕр загъта: «Хуыцау дын адон иууыл кӕм раргом кодта, уым дыккаг дӕу хуызӕн куырыхон лӕг нӕй!

40 Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ быгъдуан кӕнын мӕ галуан, мӕ адӕм дӕм иууылдӕр хъусдзысты. Ӕз дӕуӕй уӕлдӕр уыдзынӕн ӕрмӕст мӕ паддзахы номӕй».

41 Фараон Йосефӕн загъта: «Ӕппӕт Мысыры сӕргъы дӕ ӕвӕрын».

42 Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.

43 Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.

44 Фараон Йосефӕн загъта: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ амӕй фӕстӕмӕ Мысыры зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух дӕр ничиуал батилдзӕни, къахдзӕф дӕр ничиуал акӕндзӕни».

45 Фараон Йосефыл сӕвӕрдта ном Цафнат-Панеах. Усӕн ын радта Аснаты, Оны сауджын Поти-Перы чызджы. Ӕмӕ афтӕмӕй Йосеф сси ӕгас Мысыры хицау.

46 Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.

47 Бӕркадджын авд азы дӕргъы зӕхх лӕвӕрдта бирӕ тыллӕг.

48 Уыцы азты Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр хор ӕмбырд кодтой, уый Йосеф сахарты ӕфснайдта: алы сахары дӕр — йӕ алфамбылай зӕххыты тыллӕг.

49 Ӕмӕ Йосеф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нӕ уыд.

50 Стонг заманы размӕ Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснатӕй Йосефӕн райгуырди дыууӕ фырты.

51 Йӕ хистӕр фыртыл Йосеф сӕвӕрдта ном Менассиа, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы фӕрцы мӕнӕй ферох сты ме ’ппӕт хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕ фыды уӕзӕг.

52 Йӕ дыккаг фыртыл сӕвӕрдта ном Ефрем, уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ Хуыцау, удхар цы зӕххыл бавзӕрстон, уым зӕнӕгджын скодта.

53 Мысыры зӕххыл цы бӕркадджын авд азы скодта, уыдон аивгъуыдтой,

54 ӕмӕ, Йосеф развӕлгъау куыд дзырдта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр тыхстысты ӕххормагӕй, фӕлӕ Мысыры та хор алы ран дӕр уыди.

55 Фӕлӕ уалынмӕ Мысыры адӕм дӕр ӕххормаг ӕййафын байдыдтой ӕмӕ хойраджы тыххӕй фараонӕн куы ныллӕгъстӕ кодтой, уӕд сын уый загъта: «Йосефмӕ бацӕут ӕмӕ уын цы зӕгъа, уый кӕнут».

56 Стонг заман зӕххы цъар ӕмхуызонӕй ӕрӕлхъывта. Мысыры зӕххыл дӕр уавӕр карзӕй-карздӕр кодта. Йосеф байгом кодта хордӕттӕ ӕмӕ мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта.

57 Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan