Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 4 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Адам ӕмуат ӕрцыд йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ралӕууыд, уӕд ын райгуырди Каин. Евӕ загъта: «Дунедарӕг мын радта ацы адӕймаджы».

2 Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст.

3 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Каин йӕ зӕххы бӕркадӕй хуын ӕрбахаста Дунедарӕгӕн лӕварӕн,

4 Авел та — йӕ дзуджы фыццаг уӕрыччыты фиуӕй. Ӕмӕ Дунедарӕг айста Авелы нывонд,

5 Каины кувинӕгтӕ та нӕ айста. Ӕмӕ йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ сӕр ӕруагъта фыр мӕстӕй.

6 Дунедарӕг бафарста Каины: «Цӕуыл мӕсты кӕныс? Дӕ сӕр цы ’руагътай?

7 Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».

8 Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта.

9 Дунедарӕг бафарста Каины: «Кӕм ис де ’фсымӕр Авел?» Уый дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ме ’фсымӕрӕн гӕс, мыййаг, дӕн?»

10 Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.

11 Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй ӕлгъыст ӕмӕ хъодыгонд дӕ ныр.

12 Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».

13 Каин Дунедарӕгӕн загъта: «Мӕ азым афтӕ стыр у, ӕмӕ йын ныффӕразӕн нӕй.

14 Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзынӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ».

15 Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг нысан ныууагъта Каиныл, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара.

16 Каин рацыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнварс Ноды зӕххыл цӕугӕцард кодта.

17 Каин ӕрӕмуат ис йӕ усимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ’рцыд, уӕд ын райгуырди лӕппу — Ханох. Каин сарӕзта сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Ханох, йӕ фырты номӕй.

18 Ханохӕй райгуырд Ирад, Ирадӕй — Мехиаел, Мехиаелӕй — Метушаел, Метушаелӕй — Ламех.

19 Ламех ӕрхаста дыууӕ усы: иуӕн йӕ ном — Ада, иннӕмӕн та — Циллӕ.

20 Ада ныййардта Йавалы. Уый сси цатырты цӕрӕг фосдарджыты фыдӕл.

21 Йе ’фсымӕр Иувал та — хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзтӕй чи цагъта, уыдоны фыдӕл.

22 Циллӕ ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наамӕ.

23 Ламех йӕ устытӕн загъта: «Ада ӕмӕ Циллӕ, ӕрбайхъусут ардӕм! Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм! Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы. Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн, чи мӕ ныццӕва, уыцы лӕппуйы.

24 Кӕд Каины царды ныхмӕ авд лӕджы хъуамӕ амӕла, уӕд Ламехы царды ныхмӕ та — ӕвдай авд».

25 Адам та ӕрӕмуат ис йӕ усимӕ. Уымӕн йӕ афон куы ’рцыд, уӕд ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Шет, уымӕн ӕмӕ, дам мын, Каин кӕй амардта, уыцы Авелы бӕсты Хуыцау ралӕвар кодта ӕндӕр байзӕддаджы.

26 Шетӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енош. Уыцы заман райдыдтой Дунедарӕджы ном арын.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan