Райдиан 34 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Йаков ӕмӕ Леайы чызг Динӕ иуахӕмы ацыди уырдыгон чызджыты абӕрӕг кӕнынмӕ. 2 Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта. 3 Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди. 4 Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур». 5 Йаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕ кӕй фегад ис, уый, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд дӕр не схауди йӕ дзыхӕй. 6 Йаковимӕ баныхас кӕнынмӕ ’рбацыди Шехемы фыд Хамор. 7 Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын. 8 Хамор сӕм бахатыди: «Мӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди уӕ чызг, ӕмӕ йын ӕй, уӕ хорзӕхӕй, раттут. 9 Стӕй амӕй фӕстӕмӕ дӕр хӕстӕгдзинад кӕнут немӕ: чызг дӕр нын дӕттут ӕмӕ нӕ чызг дӕр курут. 10 Цӕрут не ’хсӕн. Бӕстӕ мӕнӕ уӕ разы, — ӕрцӕрут дзы, сӕрибарӕй йын йӕ зӕххыл цӕут ӕмӕ уын дзы хай уӕд». 11-12 Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл баввӕрсат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут». 13 Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы. 14 Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын. 15 Уемӕ ӕрмӕст уӕд сразы уыдзыстӕм, мах хуызӕн куы суат — уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмхуызонӕй куы ӕрцӕуой сунӕтгонд. 16 Гъеуӕд уын чызг дӕр дӕтдзыстӕм ӕмӕ уӕ чызг дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ цӕрдзыстӕм уе ’хсӕн, уемӕ суыдзыстӕм иу адӕм. 17 Нӕ коммӕ куынӕ бакӕсат ӕмӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд та нӕ чызджы фӕстӕмӕ байсдзыстӕм». 18 Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты Хамор ӕмӕ йӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ. 19 Лӕппу нӕ фӕзивӕг кодта сунӕт скӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ уарзта Йаковы чызджы. Йӕ фыды мыггаджы ’хсӕн та Шехем тӕккӕ кадджындӕр адӕймагыл нымад уыди. 20 Хамор ӕмӕ Шехем ӕрлӕууыдысты сӕ сахары кулдуары раз ӕмӕ сахары цӕрджытӕн загътой: 21 «Уыцы адӕм нӕм кӕсынц хӕлар цӕстӕй. Уадз ӕмӕ ӕрцӕрой нӕ зӕххыл, сӕрибарӕй йыл цӕуой — парахат куы у фӕйнӕрдӕм сӕ разы. Мах та уыдонӕй чызг дӕр курдзыстӕм ӕмӕ сын нӕ чызджытӕй дӕр моймӕ дӕтдзыстӕм. 22 Фӕлӕ уыцы адӕм не ’хсӕн ӕрцӕрыныл ӕмӕ, немӕ иу адӕм суой, ууыл разы сты ӕрмӕст ахӕм дзырдӕй: уыдонау махмӕ дӕр хъуамӕ сунӕтгонд ӕрцӕуа алы нӕлгоймаг дӕр. 23 Ууыл куы сразы уӕм, уӕд цӕрдзысты не ’хсӕн, ӕмӕ мах бауыдзысты се ’ппӕт фос ӕмӕ сӕ исбон». 24 Сахары цӕрджытӕ байхъуыстой Хамор ӕмӕ йӕ фырт Шехеммӕ, ӕмӕ ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕрцыдысты сунӕтгонд. 25 Ӕртыккаг бон, сунӕтгӕндтӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Йаковы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Левий, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр. 26 Кардӕй амардтой Хаморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Шехемы дӕр, стӕй Шехемы хӕдзарӕй Динӕйы ракодтой ӕмӕ рацыдысты. 27 Уый фӕстӕ Йаковы иннӕ фырттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ фӕкъахтой, сӕ хойы сын кӕм фегад кодтой, уыцы сахар. 28 Ратӕлӕт сын кодтой сӕ лыстӕг фос, се стурвос ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ, ахастой, сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр фӕллой уыди, уый. 29 Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабитӕ ӕмӕ сын сӕ устыты акодтой уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой. 30 Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!» 31 Симеон ӕмӕ йын Левий дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?» |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia